Агънаты хъæбатыр хæсто

0
234

Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрад радзырдта рæнхъон хæстон Агънаты Ростиславы сгуыхтдзинады тыххæй, кæцы йе ‘мбæлтты фервæзын кодта, знаджы сармадзаны нæмыг кæуыл сæмбæлд æмæ чи ссыгъд, уыцы бронемашинæйæ. Уый тыххæй фехъусын кодта ТАСС.

«Уæрæсейаг батальоны тактикон къорды архайгæйæ, рæнхъон хæстон Агънаты Ростислав æххæст кодта хъæуæй украинаг боевикты æддæмæ ассоныны хæстæ. Ростислав цы хæстон машинæйы уыд, уый знаджы тыхджын æхсты бын фæци, фехстой йæ гранатометæй, æмæ йæ цыд æрлæууыд. Агънайы-фырт, уайтагъд уавæр бамбаргæйæ, судзгæ машинæйæ схызт знаджы мæлæтхæссæг æхстыты бын уæвгæйæ, уый йе ‘мбæлтты æдас бынатмæ ракодта, сæ цæфтæ сын абаста, æмæ сæм цалынмæ æххуысмæ цыдысты, уæдмæ сæ хъахъхъæдта йæ æхсæн штатон хæцæнгарзæй æхсгæйæ», — радзырдтой Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады. Æфсæддон ведомствæйы ма бафтыдтой, йе ‘мбæлтты хъахъхъæнгæйæ, рæнхъон хæстон кæй скуынæг кодта сæ ныхмæлæуджытæй æртæйы, кæцытæ хъавыдысты уæрæсейаг хæстонты амынæты райсынмæ.

Гапбаты Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here