Ног азы фыццаг æмбырд — Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы

0
242

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты советы ацы азы фыццаг æмбырд. Ивгъуыд аз советы уæнгтæ алы мæй дæр районтæм кæй цыдысты æмæ, бынæттон фарстатæм ноджы лæмбынæгдæр æркæсыны тыххæй, се ‘мбырдтæ уым кæй арæзтой, уыцы фæтк адарддæр кæныны нысанимæ ацы аз Парламенты советы фыццаг ахæм цæугæ æмбырд арæзт æрцыд горæт Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.

 

Цавæр лыггæнинаг фарстатæ лæууы горæты муниципалон зылдæн йæ размæ, цæмæй тыхсынц Дзæуджыхъæуы цæрджытæ æмæ фидæнмæ сæ ныфс цæуыл дарынц, нæ республикæйы сæйраг горæт ноджы хуыздæр æмæ аивдæр цæмæй кæна æмæ дзы адæмæн цæрыны уавæртæ хуыздæр кæной, уый тыххæй цавæр программæтæ æххæст кæны Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйад — ацы æмæ æндæр фарстатæм каст æрцыд æмбырды.
2023 азы горæт Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды социалон-экономикон рæзты фæдыл раныхас кодта бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Куыд загъта, афтæмæй, алы æууæлтæм гæсгæ ивгъуыд аз æнцон азыл банымайæн кæд нæ уыд, уæддæр абон зæгъæн ис, уавæр, æмткæй райсгæйæ, нывыл кæй у æмæ хорз бæрæггæнæнтæ къухы кæй бафтыд, уый. Афтæ, промышленнон куыстады индекс рауад 109,1 проценты. Уый хыгъд, арæзтадон организацитæ цы куыстытæ сæххæст кодтой, уыдоны гуырахст, 2022 азы ацы рæстæгимæ абаргæйæ, рауад 20 проценты къаддæр. Уый уымæн, æмæ арæзтадон æрмæджытæ кæй фæзынаргъдæр сты, стæй санкциты аххосæй се ссарын зынгомау кæй ссис. Фæлæ ахæм уавæры дæр, 2023 азы цы цæрæн хæдзæрттæ æрцыд арæзт, уыдонæн сæ иумæйаг фæзуат рауад 284,2 мин квадратон метры. 2022 азы ацы рæстæгимæ абаргæйæ, уый у 69 проценты фылдæр.
Уæрæсейы Федерацийы Президенты уынаффæйæ ивгъуыд аз акционерон æхсæнад «ДОМ.РФ» бацæттæ кодта горæт Дзæуджыхъæуы стратегион рæзты мастер-пълан. Ныридæгæн фидаргонд æрцыд æмæ йын ацы мæй уыдзæн презентаци — йемæ базонгæ уыдзысты горæты цæрджытæ æмæ æхсæнад. Мастер-пъланмæ хаст æрцыд горæты хæдзарад райрæзын кæнынимæ баст 138 проекты, уыдонæй 25 нымад сты сæйрагдæртыл.
Горæты бюджетыл ныхас кæнгæйæ, Милдзыхы-фырт куыд загъта, афтæмæй 2023 азы бюджет йæ æфтиæгтæ сæххæст кодта 8,1 миллиард сомæй. Хъалонтæ æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ рауадысты 3,4 миллиард сомы æмæ, фаронимæ абаргæйæ, фæфылдæр сты 8 проценты.
Ивгъуыд аз Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администраци куыста дыууæ национ проекты сæххæст кæныныл: «Цæрæнуæтты æмæ горæты алыварс» æмæ «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгтæ». Фыццаг проекты фæлгæты нывылгонд æрцыд æмæ фæллад уыдзынæн аккаг уавæртæ арæзт æрцыд 19 æхсæнадон фæзы. Бынæттон бюджеты хардзæй та æнцонвадат уавæртæ арæзт æрцыд 45 бирæфатерон хæдзæрттæн сæ кæртыты.
Дыккаг проекты фæлгæты цалцæггонд хъуамæ æрцыдаид горæты фæндæгты 25 хайы. 100 процентæй æххæстгонд æрцыд Весенняя, Коцойы-фырты, Трассовая, Магкаты Зурабы æмæ горæтаг æндæр уынгты фæндæгты арæзтад. Иннæ уынгты фæндæгтæ дæр сцæттæ уыдзысты хæстæгдæр рæстæг, коммуналон кусджытæ донуадзæн хæтæлтæ куыддæр баивой, афтæ.
Сæрмагонд ныхасы аккаг у маршрутон транспорты фарста æмæ, горæты уынгты цы бирæ машинæтæ цæуы, уыдонæн лæууæн бынæттæ фаг кæй нæй, уый дæр. «Транспорты фарста банывыл кæнынæн ивд æрцæудзысты 18 муниципалон маршруты, 14 та бынтондæр нал уыдзæн. Лизинджы фæрцы горæты администраци балхæдта нырыккондæр домæнтæн дзуапдæттæг 28 ног автобусы. Транспортæй хъуаг нал æййафæм. Фарста ис æрмæстдæр, шофыртæй сыл бирæты кусын кæй нæ фæнды, уый мидæг. Уымæн æмæ, цы мызд дзы исдзысты, уымæй разы не сты», — загъта горæты сæргълæууæг æмæ бафиппайдта, фарста къæпхæнгай лыггонд кæй цæудзæн, уый.
Уæдæ горæты уынгты цæуæг машинæты нымæц иудадзæгдæр кæны фылдæр, æмæ лæууæн бынæттæ 2022 азæй фæстæмæ арæзт кæд цæуынц, уæддæр фаг ницыхуызы сты. Горæты историон хайы та ахæм бынæттæ аразынæн фадат æппындæр нæй. Уымæ гæсгæ 2024 азы Дзæуджыхъæуы центры аразын райдайдзысты, машинæтæн 600 бынаты кæм уыдзæн, ахæм бирæуæладзыгон лæууæн бынат.
Милдзыхы-фырты раныхасы фæдыл фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд депутат Хъамболты Дзамболат æмæ Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæмæ.
Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй транспорты фарста Дзæуджыхъæуы абон нæ сæвзæрд, йæ алыг кæныныл архайы республикæ дæр æмæ горæт дæр. Æмæ мадзæлттæ арæзт цæудзысты дарддæр дæр, фарста æххæстæй цалынмæ лыггонд не ‘рцæуа, уæдмæ.
Горæт Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды экономикон рæзты уавæры æмæ, йæ размæцыдæн цавæр гæнæнтæ ис, уый фæдыл ныхас кодта Парламенты закъонады, закъонæвæрынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. Куыд загъта, афтæмæй адæм сæ риссаг фарстатимæ, æппæты фыццаг, цæуынц бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæм, æмæ депутаттæ æмæ горæты бынæттон хиуынаффæйады администрацийæн сæ иумæйаг куысты нысан у адæмæн сæ цæрыны уавæртæ нывылдæр кæныныл архайын. Уымæй уæлдай, Черчесы-фырт бафиппайдта, горæты муниципалон бюджетæн йæ гæнæнтæ амонынц, цæмæй йе ‘фтиæгтæ ноджы фылдæр уой.
Горæт Дзæуджыхъæуы муниципалон сконд социалон политикæйы фарстатыл куыд архайы, уый фæдыл уыд йæ раныхас Парламенты наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князевайæн. Депутат бæстон æрныхас кодта, ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, физкультурæ æмæ спорты, адæмы граждайнаг æмæ патриотон хъомылад æмæ æндæр социалон къабæзтимæ баст паддзахадон программæтæ горæты бынæттон хиуынаффæйады администраци куыд æххæст кæны, ууыл.

Дедегкаты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here