Ныхас — куысты сæйраг къабæзтыл

0
219

Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон æххуысы штабы æмбырды архайæг æрыгон активисттæ æрныхас кодтой куысты сæйраг къабæзтыл.

Æмбырд амыдтой регионы Æхсæнадон æххуысы штабы сæрдары хæдивæг Хъæстуаты Еленæ æмæ Æппæтуæрæсеон адæмон фронты цæгатирыстойнаг хайады фæсивæдон проекттæм цæстдарæг Акъоты Батрадз.
Регионы æрыгон активисттæ æрныхас кодтой «Росмолодежи»-йы грантон конкурсы нæ республикæйы минæвæртты архайды фарстатыл æмæ рæхджы саразинаг дзыллон мадзæлтты пъланыл. Фембæлды архайджытæ уæлдай фылдæр æргом аздæхтой æппæтуæрæсеон акци «Æрхъулайы дзул» аразыны хъуыддагмæ. Ленинград æрхъулайæ ссæрибар кæныны боны 80 азы юбилейы кадæн саразинаг дзыллон мадзал ацæудзæн æппæт бæстæйы. Цæгат Ирыстоны фæзуатыл акци сараздзысты Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайад æмæ Æхсæнадон æххуысы штаб.

Хуыбиаты Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here