Хорз рауад богæлттæн сæ архайд

0
505

Дзæуджыхъæуы Хъуылаты Базийы номыл Спортивон галуаны 22-23 январы грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй цыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ æрыгæтты (18 азы онг) ‘хсæн.

Дзæуджыхъæумæ цы 240 æрыгон богалы æрбацыдысты, уыдон ерыс кодтой дыууадæс уæзы. Æппæты фылдæр уыдысты Цæцæны Республикæ (57) æмæ Дагестаны (54) минæвæрттæ. Ирыстойнаг богæлттæ ерысты архайдтой 22-йæ.
Ерысты байгомы размæ спортсментæ, уазджытæ æмæ спортуарзджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой: РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, нæ республикæйы физикон культурæ æмæ спорты министры хæдивæг, Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау Санаты Аидæ, РЦИ-Аланийы грекъаг-ромаг хъæбысхæсты иугонд командæйы сæйраг тренер Уруймæгты Владимир. Æрыгон богæлтты ерыстæ рауадысты зæрдæмæдзæугæ. Алы уæзы дæр 1-аг бынат бацахсыныл тохтæ цыдысты цымыдисаг ныхмæлæуды. Ирыстойнаг богæлттæн бантысти фараст хæрзиуæджы рамбулын.
Нæ богæлттæ уæлдай æнтыстджындæр уыдысты 60, 92 æмæ 120 кг онг уæзты. 60 кг онг уæзы 1-аг бынат рамбылдта Мæргъиты Марат (йæ тренер — Гæбæраты Аслан). Марат ивгъуыд азы Уæрæсейы 1-аг бынат бацахста 16 азы онг æрыгон богæлтты ‘хсæн. Ныр 18-аздзыдты ерысты дæр ЦКФЗ-йы кæй фæуæлахиз, уый дзурæг у йæ хорз гæнæнтыл.
Ирыстойнаг богæлттæ 1-2-аг бынæттæ рамбылдтой 92 æмæ 120 кг онг уæзты. 92 кг онг уæзы кæронбæттæны фембæлдысты ирыстойнаг богæлттæ Артур Маркарян æмæ Саид Айдинов. Сæ фембæлд ахицæн Артур Маркаряны пайдайæн, æмæ уый бацахста 1-аг бынат, Саид Айдинов та ссис 2-аг бынат рамбулæг. 120 кг онг уæзы дæр кæронбæттæны фембæлдысты дыууæ ирыстойнаг лæппуйы Григорий Бутхудзе æмæ Дзанайты Тимур. Сæ фембæлд ахицæн Григорий Бутхудзейы пайдайæн, æмæ уый ссис æппæты уæззаудæр уæзы уæлахиздзау, Дзанайты Тимур та бацахста 2-аг бынат.
Нæ богæлттæй ма 2-аг бынæттæ бацахстой Давид Гаглошвили (51 кг) æмæ Тедеты Сæрмæт (60 кг). Æртæ сыгъзæрин, цыппар æвзист майданæй уæлдай, нæ лæппутæ Цæллагты Алихан (51 кг) æмæ Артур Ясинский (80 кг) хорзæхджынгонд систы бронзæ майдантæй.
Нæ лæппуты архайд хорзыл банымадтой сæ иузæрдион фарсхæцджытæ. Нæ богæлттæй хорзæхджын чи ссис, уыдонæн ныр бар уыдзæн Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерысты архайынмæ.
Нæ спортсменты ацы ерыстæм бацæттæ кодтой сæ тренертæ: Гаглойты Вахтанг, Гуыдиаты Илья, Гæбæраты Аслан, Мæргъиты Алан, Эмзар Карелидзе, Къæбысты Алан, Хаситы Таймураз.
Нæ фесгуыхæг богæлттæ мартъийы райдианы хæцдзысты Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерысты.
Фыццаг бынæттæ бацахстой: 42 кг — Ризван Каирбеков (РД), 45 кг — Ильяс Дакаев (ЦР), 48 кг — Абдулла Исраилов (ЦР), 51 кг — Ислам Шанов (ХъЧР), 55 кг — Ризван Яхиев (ЦР), 60 кг — Мæргъиты Марат (РЦИ-А), 65 кг — Мурадбек Ирисханов (РД), 71 кг — Раджаб Байтулаев (Стъараполы край), 80 кг — Наиб Абубакаров (ЦР), 92 кг — Артур Маркарян (РЦИ-А), 110 кг — Муртуз Абдулхаликов (РД), 120 кг — Григорий Бутхудзе (РЦИ-А).

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here