Дæ фарн цæрдзæн, Мæдинæ

0
355

Сæдæ азы йæхи фесты дунейы фыццаг æрвылбонон ирон газет «Рæстдзинад»-æн. Йе ‘взаг æмæ дамгъæйы мыхуыры аивыл удуæлдайæ чи архайдта, уыцы æнувыд зиууæттæй иу уыд нæ уарзон æмкусæг, уæздан æмæ фендджын сылгоймаг Гæлæбаты-Фæрниаты Бæдинæ (Мæдинæ).
Йæ ном фехъусгæйæ, цæстытыл ауайы, зондæй æмæ уындæй дæр, Хуыцау æнæхай кæй нæ фæкодта, ахæм адæймаджы сурæт. Хурбон æваст арв куыд ныннæры æмæ йæ сонт къæрццытæй адæймаджы зæрдæ куыд бариссы, афтæ нæ удаист фæкодта нæ уæздан хистæр æмæ дæсны корректоры адзал.
Мæдинæйы хуызæн хистæртæй-иу нæ фыдæлтæ афтæ дзырдтой, æцæг хорз сылгоймагæй йæ кары чи цыд, ахæм адæймаг у, зæгъгæ. Райгуырд æмæ схъомыл Фыййаджыбылы хъæуы. Мæдинæ йæ мыггагæй, уæздан Куырттаты комæй рахаста æцæг удрухсгæнæг фарн. Хурау дзы тавта, газет «Рæстдзинад»-æн лæггад кæнгæйæ, Ирыстоны адæмы. Йемæ зонгæ чи уыд, йе ‘взонгæй æмæ кары бацæуыны афонмæ, уыцы адæймæгтæй иу дæр афтæ нæ зæгъдзæн, Мæдинæ искуы тызмæг цæстæй искæмæ ракаст, йе та сæ искæй зæрдæхудты бацыд. Кæд царды зынтæ дæр æнæбавзаргæ нæ фæци, уæддæр йæ зæрдæ баззад сыгъдæгæй. Цыргъзонд, фендджын æмæ æрхъуыдыджын сылгоймаг уыд. Газеты редакцийы куысты йыл цы хæс уыд, куыд корректор, афтæ дзы иу дзырд, иу хъуыдыйад æнæ бæстон бæрæгæй нæ ирвæзт. Куы хъуыдаид, уæд-иу æрмæджы авторимæ ауынаффæйы фæстæ уац редакци кæныны уагыл дæр хъуыдыйæ фæаивдæр кодта. Йæ дæсныйады йæм цы алывæрсыг фæлтæрддзинад уыд, уый канд «Рæстдзинад»-ы фарныл нæ ахадыдта. Йæ мадæлон æвзагæй уæлдай ма, уырыссаг æвзаг хорз кæй зыдта, уымæ гæсгæ куыста корректорæй республикон фæсивæдон газет «Æрыгон коммунист»-ы (ныр газет «Слово»-йы) редакцийы дæр.
Газет «Рæстдзинад»-ы гæнæн уыд, æмæ дзы суанг рауагъды дирекцийы сæргъы дæр æрлæууыдаид. Уыцы бæрнон бынаты йæ арæхстдзинад фылдæр фæахъаз уыдаид газеты æрмæджыты мидис æмæ сæ мыхуыр кæныны уагæн. Уæдæ дзы мызд дæр корректоры мыздæй фылдæр уыдис. Фæлæ йæ уæздандзинад ам дæр равдыста нæ уарзон æмкусæг. Нæ йæ бафæндыд уыцы бынатмæ рацæуын. Йæ фæнд ууыл дзурæг уыд, æмæ Мæдинæ сæйраджы-сæйрагдæр хæст уыд хи царды хуыздæрыл, йæ дзыппы бæркадыл, фæлæ, цы бынаты ис, куыд корректор, афтæ «Рæстдзинад»-ы хæрзхъæддзинадыл архайыныл йæ царды фæстаг бонмæ дæр.
Йæ фæзминаг æмæ æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй Фæрниаты Мæдинæйæн лæвæрд æрцыд РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæджы ном. Уыд фæллойы ветеран. Йæ профессион арæхстдзинад канд национ мыхуыры рæзтыл нæ сахадыдта, фæлæ ма-иу йе ‘ххуыс арæх бахъуыд редакцийы журналистты, йæ поэтикон æмæ публицистон уацмыстæ хицæн чиныгæй рауадзынмæ чи цæттæ кодта, уыдоны дæр. Кæд йæхи хæстæ бирæ уыдысты, уæддæр-иу авторы къухфыст фæстæмæ никуы здæхта, цыбыр рæстæгмæ-иу æй бараст кодта.
Царды зынты сæрты дæр, сылгоймаг уæвгæйæ, нæртон лæджы хъаруимæ ахызт Мæдинæ. Йæ цардæмбал, нæ республикæйы хъæууон хæдзарады кусæг Гæлæбаты Солтан æрыгонæй фæндагон фыдбылызы фæмард. Мæдинæйы зæрдæ уыцы æвирхъау адзалæй фæрчытæ куыд нæ ахаудта, куыд ныффæрæзта йæ сæрыхицауы æнæнхъæлæджы адзалæн! Уый нæ, фæлæ йæ уарзон куыстæй йæхи иу бон дæр нæ фенæхай кодта, афтæмæй царды раст æмæ рæсугъд фæндагыл сæвæрдта йæ чызг Дзерассæ æмæ лæппу Тимуры. Сты хæрзæгъдау, адæмуарзон æмæ бонзонгæ.
Хорз, уæздан чызгæй зыдта Мæдинæ йæ чындз Маринæйы. Гæлæбаты хæдзармæ уый разынд æцæг фарн æмæ амондхæссæг. Цы бон сæм æркуывта, уыцы бонæй Мæдинæйæн йе ‘нæнхъæлæджы адзалы сахатмæ уыд лæггадгæнæг, йæхи кæстæрты дæр уыцы зондыл æфтауæг. Афтæ зæгъæн ис, æмæ, Мæдинæ царды цы зындзинæдтæ федта, уыдон ын йæ кæстæртæ сæ узæлдæй, царды сæ раст æмæ зæрдæрухсы къахдзæфтæй рох кæнын кодтой. Афтæмæй сæ сæ уæздан ныййарæджы рæвдыдæй фенæхай кодта хъысмæты бардуаг. Мах дæр, газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы кусджытæ, нæ уарзон хистæр æмкусæджы, национ мыхуыры æнувыд зиууоны æнæнхъæлæджы адзалыл хъыг кæнæм. Нæ фыдæлты загъдау, лæг йæ кадæн цæры. Мæдинæ йæ зын, фæлæ арфæйаг хъысмæты фæндагыл цард, йæхи кадæй уæлдай, газет «Рæстдзинад»-ы фарн, йæ хорзæх, амонд æмæ рухсæн. Йе ‘вæрæн бон Гæлæбаты хистæртæй иу хорз хъуыды загъта: «Не ‘хсæн Мæдинæйæн уыд æцæг ирон лæджы кад. Лæггадгæнæг чындз, уарзон хойау дзы бирæ хорздзинæдтæ зонæм. Хуымæтæг ныхæстæй йæ уды бирæ хæрзтæн радзурæн нæй».
Адæймаджы цард æнусон нæу, фæлæ, адæмы зæрдæты цы хорз фæд ныууадзы, уымæй йæ ном вæййы фæлтæртæн уазæй мысинаг. Нæ уæздан хистæр, фæлтæрдджын æмкусæг Фæрниаты Мæдинæйы адзалæй газет «Рæстдзинад»-ыл æрцыд уæззау зиан, фæлæ йæ хорз зæрдæйы рухс немæ баззад цæргæйæ, йæ фæлтæрддзинад, йæхийау, ирон дзырдыл, Ирыстоныл, «Рæстдзинад»-ыл æнувыд кæстæртæн уыдзæн цæрæнбонты зæрдæрухсгæнæг, кад æмæ рады дæнцæджы мысинаг…

Газет “Рæстдзинад”-ы
кусджытæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here