Дзанайты Азанбеджы номыл трансконтиненталон культурон-рухсадон æмæ историон-мемориалон Культурæйы фонд «Кады фæндæгтыл Америкæйæ Азийы онг»-мæ гæсгæ Мæскуыйы Æркуывды хохы Уæлахизы музейы «Кады зал»-ы фыццаг хатт арæзт æрцыд Кады мысæн бон Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр, Монголы Адæмон Республикæйы Хъæбатыр, æфсады инæлар Плиты Алыксандры фырт Иссæйæн.
Йæ райгуырды 120 азы бон æй байгом кодта, кæй хъæппæрисæй арæзт æрцыд, уый — Дзанайты Зауыр. Куыд радзырдта, афтæмæй йын стыр æххуыс бакодта Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг, æфсады инæлар Цæлыккаты Руслан.
Иссæйы Кады ном æрымысынмæ æрбацыдысты Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрадæй: Генералон инспектор, æфсады инæлар Владимир Семенов, Хъæбатырты клубы президент, инæлар-булкъон, Уæрæсейы Хъæбатыр Владимир Шаманов, Уæлахизы музейы директоры хæдивæг, вице-адмирал Федор Смуглин, Уæрæсейы Федерацийы Æфсæддон разамонджыты клубы уæнг, инæлар-лейтенант Ходы Алыксандр, Уæрæсейы Федерацийы Советы æмæ Паддзахадон Думæйы уæнгтæ Мамсыраты Таймураз, Тайсауты Хъазыбег, Таймазты Артур, Мæхъиты Зураб, Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, Мæскуыйы ирæтты æхсæнады советы сæрдар Абайты Алан.
Иссæйы мысæн Кады бонмæ æрбацыдысты йæ бирæ æмзæххонтæ æмæ уазджытæ, семæ Мæскуыйы 1234-æм скъолайы ахуырдзаутæ дæр. Уыдон 18 октябры се скъолайы сбæрæг кодтой йæ номхæссæг Советон Цæдисы Хъæбатыр Мамсыраты Хаджумары 120 азы.
Кадджын мысæн боны архайджытæн Дзанайты Зауыр сæ зæрдыл æрлæууын кодта, фонды проектты Плиты Иссæйы ном кæй ахсы сæйрагдæр бынат. Фонды хъæппæрисæй 2016 азæй фæстæмæ горæтты рæсугъддæртæй иу — Даляны (Цæгатаг Гонконг) Æнæмæлгæ полчъы рæнхъыты рахæссынц Плиты Иссæйы портрет, Хъæбатыры цыртдзæвæнтæ æвæрд æрцыдысты сæйраг горæттæ Монголы Улан-Баторы (2017 азы) æмæ Кубæйы — Гаванæйы (2020 азы), 2020 азы номдзыд æфсадхоны ном лæвæрд æрцыд Улан-Баторы 49-æм скъолайæн.
2021 азы Плиты Иссæйы бюст æвæрд æрцыд Уæлахизы музейы карз тохтæ æвдисæг нывтæ «Битва за Сталинград» æмæ «Контрнаступление под Москвой»-ы фарсмæ. Ацы аз номдзыд хъæбатыры цыртдзæвæнтæ æвæрд æрцæудзысты Китайы Адæмон Республикæйы горæт Чжанцзякоу æмæ Улан-Баторы Иссæйы номхæссæг 49-æм скъолайы кæрты.
Уæлдай зæрдиагдæрæй Дзанайты Зауыр æрымысыд, ацы дунеон проект кæимæ райдыдта æмæ цардхъуагæй йе ‘нусон бæстæмæ чи ацыд, уыдоны: Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт нывгæнæг Тауаситы Станислав, Уæрæсейы Федерацийы Хицауады паддзахадон премийы лауреат Дзанæгаты Зауырбег, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Гранит-Ир»-ы генералон директор Биазырты Георгийы рухс нæмттæ. Абон йе сфæлдыстадон цæхæр ирдæй кæмæн зыны, Ирыстоны уыцы зындгонд скульптортæ Хайты Ибрагим æмæ Дзбойты Арсены, стæй ирон адæмы æндæр патриотты.
Кады мысæн боны архайджытæн равдыстой тележурналист Рæмонаты Ларисæйы документалон киноныв Плиты Иссæйы тыххæй, сæ зæрдыл сын æрлæууын кодтой, РЦИ-Аланийы Архивон службæйы разамонæг Тебиаты Еленæ, РЦИ-Аланийы Национ музейы раздæры директор Къубалты Валерийы фæрцы «Уæлахизы музейы» фондтæ зынгæ кæй фæхъæздыгдæр сты Иссæйы автобиографийы гæххæттытæй, йæ хæстон фæндæгтыл дзурæг кинонывтæ æмæ къамтæй. Музейы фонды ис æмæ уыцы бон равдыстой УСФСР-йы адæмон нывгæнæг Дзанайты Азанбеджы ныв «Уæлахиздзау» — Плиты Иссæ. Музейæн æй 1996 азы «Ирыстоны бонтæ Мæскуыйы» бæрæгбоны рæстæг балæвар кодта РЦИ-Аланийы Президент Галазты Æхсарбег.
Кады мысæн боны архайджытæ сæ раныхæсты дзырдтой Плиты Иссæйы æфсадхон курдиат, хæстон æнтыстытæ, йæ зæрдæнкъараг ахаст йæ хæстон æмбæлттæм æмæ къæрцхъусдзинады тыххæй. Уыцы Кады боны архайджытæн, сæрмагондæй Дзанайты Азанбеджы Культурæйы фонд æмæ йæ разамонæг Дзанайты Зауыры номыл зæрдæбын арфæтæ æрбарвыстой Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвæрттæ Кубæйæ — Андрей Гуськов æмæ Монголийæ — Алексей Евсиков.
Дзанайты Зауыр куыд нымайы, афтæмæй хорз уаид, Ирыстонæй рацæугæ номдзыд адæмæй Уæлахизы Музейы къултыл сыгъзæринæй кæй нæмттæ фыст æрцыдысты, уыдоны мысынæн республикæйы министрадтæ æмæ ведомствæтæ куы снысан кæниккой æмæ куы аразиккой бæстæйы сæйрагдæр «Кады зал»-ы рухс мысæн бонтæ, цæмæй фидардæр кæна алы адæмты ‘хсæн æнгомдзинад æмæ фæлтæрты бастдзинад.
Сауиты Будзи















