Интернеты тыгъдады зилдух кæны сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Гуымецъаты Сосланы кадæн зарæг «Нæ æфсæддон дохтыр». Куыд рабæрæг, афтæмæй йæ автортæ сты Фатимæ Ногмова æмæ Анзор Сарбашев сыхаг Кæсæг-Балхъары Республикæйæ. Йæ бынмæ ахæм ныхæстæ: «Сослан Хъазыбеджы фырт, хæстонты мадæлтæ дын ныллæг сæ сæртæй кувынц!»
Зарæджы аккаг стæмтæ сты, адæмы цæст та уынаг у. Херсоны ‘рдыгæй Гуымецъаты Сослан сæрмагонд æфсæддон операцийæн йæ райдайæнæй нырмæ цал цæф архайæджы скъахта мæлæты дзæмбытæй, цардмæ фæстæмæ цалы раздæхта æмæ баууæндын кодта, уый, æвæццæгæн, йæхæдæг дæр нæ хъуыды кæны. Æрмæст, æхсæв-бон нæ зонгæйæ, æххæст кæны, цæмæ бæллыд, уый — æфсæддон дохтыры хæстæ.
“Док”-мæ куы бахауин, зæгъгæ-иу, цæф хæстонтæ куы дзырдтой, уæд Сосланы æмхъæуккаг, Къомайты лæппу йæхимидæг хъуыды кодта, куы йæ фенин уыцы “Док”-ы, цы хуызæн у, зæгъгæ. Уалынмæ, зæгъы, кæсын, æмæ нæхи Сослан æрбацæуы!
Медицинон хайады хицауæн хæстонтæ æмæ йе ‘мкусджыты ‘хсæн стыр кад ис. Арæхстджын æмæ цыфæнды зын уавæрыл дæр уæлахиз чи кæны, ахæм адæймаг æмæ дохтырæй зонынц не ‘мзæххоны. Сидзæр лæппу (йæ фыд Хъазыбег фæндагон фыдбылызы фæмард, чысыл ма куы уыд, уæд) йæ сабибонтæй фæстæмæ тырныдта æфсæддон дохтыр суæвынмæ, уый йын тых лæвæрдта цæлхдурты сæрты хизынмæ, йæ уды сконд æмæ фæлтæрддзинадæй та бузныг сты, мæлæтæй кæй фервæзын кодта, уыцы хæстонты мадæлтæ.
Сослан райгуырд Фыййаджыбылы, Нартыхъæуы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд медицинон институтмæ, йæ ахуыр адарддæр кодта Бетъырбухы. Сæххæст цардбæллон лæппуйы бæллиц — ссис æфсæддон дохтыр-травматолог. Скодта бинонтæ, æрхаста Кучиты чызг Дианæйы, у ахуыргæнæг. Хъомыл кæнынц дыууæ кæстæры, чызг æмæ лæппу. Йе ‘фсымæр Тамерлан — юрист, хæцы Запорожьейы. Мады зæрдæ сæм куыд не ‘хсайы, сæ ныййарæг Фиалæ бæллы хæсты фæудмæ, цæмæй та сабыр цард ралæууа нæ зæххыл. Æхсызгон ын куыд нæ у, Жуковы орденæй хорзæхджын кæй æрцыд æмæ зарæджы аккаг кæй у йæ хъæбул.
Дæлдæр Фатимæ Ногмова æмæ Анзор Сарбашевы зарæг «Нæ хæстон дохтыр»-æй газеткæсæджы размæ хæссæм цалдæр рæнхъы тæлмацгондæй:
Йæ уæлæ куы скæны халат æмæ ‘рмкъухтæ,
Цыргъ скальпель куы райсы йæ къухтæм,
гъе уæд,
Йæхиуыл нæ ауæрды, ратдзæн йæ уд дæр,
Нæ хæстонтæй макæйы айса мæлæт.
Хуыбиаты Ларисæ














