Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты советы æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.
Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст федералон æмæ республикон закъонты проекттæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы иуæй-иу субъектты закъонæвæрынадон хъæппæристæ.
Парламенты закъонады, закъонæвæрынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады администрацийы комитеты сæрдар Черчесты Аслан æркæсынмæ рахаста федералон, республикон æмæ конституцион закъонты проекттæ — цалдæр. Уыдонæй бæлвырдгонд цæуынц граждайнаг службæйы, уыимæ, контрактмæ гæсгæ службæйы уагæвæрдтæ, стæй депутаты статус, ивддзинæдтæ хаст цæуынц муниципалон службæгæнджыты номхыгъдмæ æмæ фидаргонд цæуынц муниципалон скондтæ Æрыдоны районы æмæ Æрæфы районæн сæ арæнтæ æмæ сын лæвæрд цæуы муниципалон районты статус.
Советы уæнгтæ байхъуыстой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Паддзахадон исбонады æмæ зæххы ахастдзинæдты министрадæн йæ архайд æххæст кæныны тыххæй 2021-2022 азты республикон бюджетæй цы фæрæзтæ æрвыст æрцыд, уыдонæй, закъонмæ гæсгæ, куыд хæдзардзинæй пайда кодта, уый сбæрæг кæныны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы хъусынгæнинагмæ. Раныхасгæнæг — Палатæйы аудитор Созæты Алан куыд радзырдта, афтæмæй бæрæггæнæн мадзæлттæн сæ сæйрагдæртæй иу уыд, республикæйы исбоны цы зæххы хæйттæ ис, уыдон хаццоны райсыны тыххæй бюджетмæ æфтиæгтæ куыд цыдысты, уый сбæрæг кæнын. Йæ ныхасмæ гæсгæ, æфтиæгтæ уыд пъланæй фылдæр. «2021 азы пъланмæ гæсгæ æфтиæгтæ хъуамæ уыдаиккой 45 милуан сомы, хъуыддагæй та рауадысты 53,2 милуан сомы. 2022 азы æфтиæгтимæ баст пъланы бæрæггæнæн уыд 47 милуан сомы, бюджетмæ та æрвыст æрцыд 53 милуан сомы», — загъта раныхасгæнæг. Стæй бафиппайдта, 2023 азы хаццоны лæвæрд кæй æрцыд зæххы хайттæ 579, уыдонæн сæ фылдæр — хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы зæххытæ. Уыимæ, куыд загъта, афтæмæй, зæхх хаццоны чи райста, уыдон сæ фидинæгтæ алкæд æмæ афоныл кæй нæ бахæссынц, уый тыххæй сæ хæс кæны фылдæр, æмæ 2023 азы 1 январмæ уыд 26 милуаны 151 мин сомы. Созæйы-фырт æрныхас кодта, хæсдарджытæй сæ хæс æрдомыны мадзæлттæй куыд архайынц, уый тыххæй.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег. Фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймуразмæ æмæ депутат Киситы Муратмæ. Сæ фарстатæн сын дзуаппытæ радта республикæйы исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан.
Созæты Алан ма раныхас кодта «Национ проекттæ царды рауадзыны тыххæй Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Экономикон рæзты министрадæн 2022 азы цы фæрæзтæ лæвæрд æрцыд, уыдонæй цас хæдзардзинæй спайда кодта», уый фæдыл Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы хъусынгæнинагимæ дæр. Куыд загъта, афтæмæй министрад йе ‘ргом фылдæр здæхта паддзахадон программæтæ æххæст кæнынмæ, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомад, стæй инвестицион архайд рæзын кæнынмæ. Уыцы нысанимæ райдайгæ амалхъомтæн гранттæ дæттыны фарста министрад куыд æххæст кодта, уый фæдыл Созæйы-фырт бæстон æрныхас кодта æмæ бафиппайдта, Цæстдарæн-нымайæн палатæйы амындмæ гæсгæ гранттæ дæттыны домæнтæм ивддзинæдтæ бахæссинаг кæй сты, уый.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Хæдарцаты Аслæнбег.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы куысты бынæттæ аразыны, сæ фæллад уадзыны æмæ сын дзæбæх кæныны мадзæлтты бындурты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл ныхас кодта Парламенты наукæйы, ахуырады, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева. Закъоны проекты нысан у, сæрмагонд æфсæддон операцийы барвæндонæй чи архайы, стæй, хæстон быдыры чи фæмард, кæнæ йæ цæфтæй чи амард, кæнæ цæфты аххосæй инвалид чи ссис, уыдоны сывæллæттæн сæ фæллад уадзынæн æмæ сæ дзæбæх кæнынæн мадзæлттæ аразын.
Уымæй уæлдай ма совет цы закъонты проекттæм æркаст, уыдоны фæдыл ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Остъаты Георги, Качараты Олег, Реуазты Ларисæ, Киситы Мурат, Джиоты Георги.
Дедегкаты Зæлинæ














