Нæ фæсивæд —нæ рæсугъд фидæн

0
191

Мæскуыйы университеты сæрмагонд бæстыхайы арæзтад кæронмæ ахæццæ ис 1790 азы. Йæ кæрты æрбынæттон ис аргъуан дæр Сыгъдæг Татианæйы номыл. Уæдæй абонмæ ацы дзуар нымад у студентты бардуаг æмæ æххуысгæнæгыл. Татьянæйы бон та банымадтой университеты æмæ æппæт студентты боныл.

Æрвылаз æй бæрæг кæнæм 2005 азæй нырмæ, уæд нæ бæстæйы Президент рахаста уынаффæ Уæрæсейы студентты бон снысан кæныны тыххæй. Ацы хорз фæтк æвæрд æрцыд нæ республикæйы студентты ‘хсæн дæр.
Знон, Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты уыдис стыр бæрæгбон. Университеты фæз байдзаг хъæлдзæг ахуырдзау фæсивæдæй. Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ — сæ уындæй зæрдæ рухс кодта. Бæрæгбоны цинæй фæхайджын сты сæ ахуыргæнджытæ дæр, кæрæдзийæн арфæтæ кодтой. Уæрæсейы, Цæгат Ирыстоны æмæ паддзахадон университеты тырысатæй сфидыдта фæз. Курдиатджын чызджытæ æмæ лæппутæ схызтысты рæстæгмæ арæзт сценæмæ, æмæ райхъуыст зарæг. Сæ рæсугъд хъæлæстæй аргъ кодтой Райгуырæн бæстæйæн, ныййарæгау кæй уарзынц, уыцы Уæрæсейæн.
Цы ис иумæйагæй алы фæлтæрты студенттæм? Фæлварæнтæ, зачеттæ, хъæлдзæг цард… Зноны скъоладзау, фæлæ ныр ныфсджын къахдзæфтæ кæны дæсныйад райсыны фæндагыл. Студенттæн арфæ ракæнынмæ æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Дзæуджыхъæуы муниципалон зылды разамонæг Александр Пациорин, РЦИ-Аланийы фæсивæды комитеты сæрдар Джусойты Руслан, ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ æмæ ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан.
— Тæхудиаг стут сымах, фæсивæд. Уæ æрыгондзинадæн, уæ зæрдæйы уагæн аргъ кæнгæйæ, царды æппæт хорздзинæдтæй хайджын ут. Сымах стут нæ бæстæйы, Ирыстоны, нæ бинонты рæсугъд фидæн, æмæ уæ фæндæгтæ амондджын уæнт, — загъта Сергей Меняйло. — Зындзинæдтæй ма тæрсут, хистæрты фæрсут, æмæ уæд уæлахиз уыдзыстут кæддæриддæр.
Университеты ректор Огъуаты Алан зæрдиаг арфæ ракодта ахуырдзау фæсивæдæн, раздæры студенттæн, стæй бæрæгбоны архайæг скъоладзаутæн, — фидæны студенттæн.
— Уæлдай арфæ кæнын, ахуыры æнтыстдзинæдтæ чи æвдисы, æхсæнадон царды чи архайы, уыдонæн. Абон сæрмагонд æфсæддон операцийы архайынц нæ университеты рауагъдонтæ дæр. Фыдыбæстæ хъахъхъæнынц сымах хуызæн æрыгæттæ, — загъта Огъуайы-фырт æмæ фехъусын кодта: 2024 аз Бинонты азæй кæй рæсидтысты, уымæ гæсгæ, бинонтæ æмæ кæстæртæ кæмæн ис, уыдонæн «бинонты стипенди» снысан кæнын.
Ирон симдмæ рахызтысты бирæ фæсивæд, сæ арæхстдзинадмæ кæсгæйæ, зæрдæ ради. Сæ фидæн рæсугъд уæд нæ кæстæртæн.

Гугкаты Жаннæ,
къам систа
Хъайырты Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here