Ныхас донивылдтыты агъоммæйы куыстыты

0
205

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Мæскуыйы фембæлд доны фæрæзты Федералон агентады разамонæг Дмитрий КирилловимÆ. Æркастысты цæугдæтты былгæрæттæ фидар кæныны æмæ Цæгат Ирыстоны доны объектты уавæр фæхуыздæр кæныны фарстатæм.

Ацы аз, куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй республикæйы «Алфамблай æрдз хъаххъæнын 2020-2025 азты» паддзахадон программæйы фæлгæты Терчы доны былгæрæтты амадздзæгтæ горæт Беслæн бахъахъхъæныны тыххæй æмæ Бехъаны цады ауазæнты цæджындзытæ дарддæр капиталон æгъдауæй цалцæггонд цæуынц.
Уымæй уæлдай ма 2025 азмæ федералон уагдонмæ республикæйæ æрбацыд куырдиат, цæмæй арæзт æрцæуой былгæрæттæ бафидар кæныны куыстытæ — цæугæдæттæ Суадагдон Суададжы хъæуы цæгатварс, Хайдоны — Ногхъæуы, Фыййагдоны — Дзуарыхъæумæ ‘ввахс. Хæстæгдæр рæстæджы ма æрвыст æрцæудзæн куырдиат Горæтгæрон районы Джызæлдонæй Хъобаны хъæу бахъахъхъæныны тыххæй, былгæрæттæ бафидар кæныны куыстыты тыххæй дæр.
Афтæ ма раздæр республикæ «Росводресурс»-мæ арвыста къорд мадзалы, цæмæй сæ бахæссой Уæрæсейы Федерацийы доны объектты экологион уавæр фæхуыздæр кæныны иугонд федералон проектмæ. Уыдонимæ — Камбилеевкæйы цæугæдон Чермены хъæуæй Зилгæйы хъæумæ уаццаг; Куыйты адаг ныссыгъдæг кæнын, Дзæуджыхъæуæй рахизгæйæ, Камбилеевкæйы цæугæдонмæ кæм хауы, уыцы хай.
Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фыццаг рады æркæсын хъæуы Дзæуджыхъæуы Терчы доны былгæрæтты амадздзæгтæ æмæ барражтæ аст километры бæрц бафидар кæныны мадзæлттæм, уымæн æмæ донивылдтыты рæстæг доны æмвæзад æрвылаз схизы бæрзонд бæрæггæнæнтæм, æмæ горæты фæзуаты арæзт объекттæн тæссаг уавæр сæвзæры. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-слжбæ

Гапбаты Алетæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here