Сывæллæтты поликлиникæйы бындурон цалцæг

0
235

Дзæуджыхъæуы Сывæллæтты 3-æм поликлиникæйы бындурон цалцæг райдайдзæн хæстæгдæр рæстæг.

Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта РЦИ-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан.
Министры ныхасмæ гæсгæ, медицинон кусæндоны лæггæдтæй пайда кæнынц 11 мин сывæллонæй фылдæр. Тебиайы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй поликлиникæйы кусджытæ бæстыхæйттæ ныридæгæн æвдæлон кæнынц. «Кæй зæгъын æй хъæуы, медицинон кусæндоны цалцæджы рæстæг бынæттон цæрджытæ иуцасдæр тыхстдзинæдтæ бавзардзысты, фæлæ сын зæрдæ æвæрын, поликлиникæйы специалисттæн рæстæгмæ бынаты дæр æппæт фадæттæ уыдзæн, цæмæй адæмæн æмбæлгæ уагыл лæггад адарддæр кæной», — бафиппайдта министр.
Ведомствæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, сывæллæтты поликлиникæйы цалцæг æххæстгонд æрцæудзæн «Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы фыццаградон къæпхæны кусæндæтты модернизацийы» программæйы фæлгæты. Ацы программæйы уагæвæрды бындурыл 2025 азы рацараздзысты сывæллæтты 1-æм æмæ 2-æм поликлиникæтæ дæр.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here