Уæрæсейы бирæнацион адæмы иудзинады сæраппонд

0
239

Не ‘хсæнады иумæйаг хæс у Уæрæсейы бирæнацион адæмы иудзинад хъахъхъæнын æмæ фидардæр кæнын. Уыимæ, цæстыгагуыйау хъахъхъæнинаг сты нæ адæмты фыдæлтыккон традицитæ æмæ æгъдæуттæ дæр. Ныртæккæйы зын æмæ тыхст рæстæджыты архайгæйæ, уыцы фарстатыл куыст цавæр фæткыл хъуамæ цæуа? Ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл æрдзырдтой, Хæлардзинады республикон хæдзары цы цæлхæмбырд арæзт æрцыд, уый архайджытæ.

Æмбырд арæзт æрцыд РЦИ-Аланийы Национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрады хъæппæрисæй, хонгæ та йæм фæкодтой хицауады оргæнты бæрнон кусджыты, дины организацитæ æмæ национ-культурон иугæндты минæвæртты. Ныхас амыдта республикæйы национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министры уынаффæгæнæг Хъайтыхъты Тамарæ.
Рæгъмæ цы фарстатæ рахастæуыд, уыдон æхсæнады царды цас ахсджиаг сты, ууыл уыд йæ раныхас Цæгат Ирыстоны национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министр Бæгъиаты Аланæн. Министры ныхасмæ гæсгæ, амынд фарстатæ уæлдай ахсджиагдæр сты, бæстæ президентон æвзæрстыты къæсæрыл кæй æрлæууыд, уыцы æууæл зæрдыл даргæйæ.
«Абон нæ бæстæйы бахъуыд, æмбал цæмæн нæма уыд, ахæм информацион ныхмæлæуддзинады æууæлты архайын. Куыд зонæм, афтæмæй, хæлар ахастдзинæдтæ нын кæимæ нал ис, уыцы бæстæты разамынд æмæ сæ пропагандисттæ сæ ных сарæзтой Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхты архайд цæсты бафтауынмæ. Уыимæ, уыдон ницæмæ дарынц, сæрмагонд æфсæддон операци райдайгæйæ, нæ бæстæ йæ граждæнты бартæ бахъахъхъæныныл кæй сагъæс кодта, дунеон æдасдзинад æмæ сабырдзинад бахъахъхъæныныл кæй архайдта, уый. Æппæт уыцы хабæрттæ зæрдыл даргæйæ, мах хъуамæ нæ тыхтæ æрбангом кæнæм æмæ æмхъаруйæ ныхкъуырд радтæм, бæстæйы нывылад æмæ сабыр цард фехалыныл чи архайы, уыдонæн. Уыцы хъуыддаджы сæйрагдæр бындур у нæ бæстæйы бирæнацион адæмы иудзинад», — бафиппайдта Бæгъиайы-фырт.
Боны фæткы фарстаты фæдыл дарддæр йæ хъуыдытæ загъта æхсæнадон змæлд «Нæ Ирыстоны»-ы сæрдар Лагкуты Вячеслав. Уый куыд радзырдта, афтæмæй æрæджы арæзт æрцыд Уæрæсейы адæмты ассамблея. Уыцы æхсæнадон иугонд архайы паддзахадон национ политикæйы уагæвæрдтæ царды рауадзыныл, бæстæйы адæмты хæлардзинад æмæ иудзинад фидардæр кæныныл.
«Цæгат Кавказ бирæ зындзинæдты сæрты рахызт. Нæ ног историйы уæлдай зындæр уыдысты ивгъуыд æнусы 90-æм азтæ — уæд знаггадхæссæг тыхтæ архайдтой алы адæмты ‘хсæн хъаугъатæ расайыныл. Уыцы фæлтæрæнтæ мах сахуыр кодтой æппæрццæг тыхтæн аккаг ныхкъуырд дæттыныл, æппæт сæвзæргæ фарстатæ дæр иумæйаг хъарутæй лыг кæныныл. Уыцы фæлтæрддзинад зæрдыл даргæйæ æмæ нæ адæмты хæдбындур культурæ æмæ традицитæ хъахъхъæнгæйæ, дарддæр аразын хъæуы нæ фидæны архайд бæстæйы фæрныгдæр царды сæраппонд», — загъта Лагкуйы-фырт.
Фембæлды иннæ архайджытæ дæр сæ хъуыдытæ загътой æмæ фæндæттæ бахастой фæсивæды патриотон хъомылады, алы регионтæ æмæ адæмты ‘хсæн хæлар ахастдзинæдтæ æмæ иудзинад æнгомдæр кæнын æмæ æндæр ахæм фарстаты фæдыл.
Цæлхæмбырды архайджытæ сæ фæндæттæ æмæ амынддзинæдтæ сфидар кодтой сæрмагонд суагъæйы хуызы. Уыимæ, паддзахадон структурæтæ æмæ æхсæнадон иугæндты минæвæрттæ баныхас кодтой амынд фарстаты фæдыл иумæйаг куысты дарддæры пълантыл.

Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here