Дзæуджыхъæуы 17-æм скъолайы кадджын уагæй байгом кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы æмæ службæйы хæслæвæрдтæ æххæст кæныны рæстæг фæмардуæвæг, бæстæйы Национ гвардийы æфсæдты федералон службæйы дзæуджыхъæуккаг иугонды хистæр сержант, Хъæбатырдзинады ордены кавалер Торчынты Барисы æмæ амынд æфсæдты регионалон управленийы ОМОН «Ирбис»-ы кусæг, пъæлицæйы майор Владимир Иволгины номарæн фæйнæджытæ æмæ кълæстæ.
Кадджын æмбырды архайдтой фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы регионалон хайады минæвæрттæ, фæмардуæвæг æфсæддонты хиуæттæ æмæ æмслужбæгæнджытæ, стæй скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ. Номарæн фæйнæджытæ байгом кодтой фæмардуæвæг Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты бинонты æппæтуæрæсеон æхсæнадон организацийы цæгатирыстойнаг хайады разамонæг, Уæрæсейы Хъæбатыр Андрей Днепровскийы мад Татьянæ Днепровскаяйы æххуысæй.
Æнусонгонд кæй нæмттæ æрцыдысты, гвардионтæ æмбырды архайджытæн уыцы æфсæддонты цард æмæ службæйы тыххæй мысинæгтæ радзырдтой. Ныхасгæнджытæ куыд загътой, афтæмæй Барис æмæ Владимир уыдысты ныфсхаст, æнæхин, зæрдæхæлар адæймæгтæ. Фæмардуæвæг æфсæддонты рухс нæмттæ мысгæйæ, æмбырды архайджытæ æдзæмæй алæууыдысты.
Æмбырды кæрон кæй равдыстой, уыцы концерты рæстæг скъоладзаутæ зæрдылдардæй радзырдтой патриотон æмдзæвгæтæ, стæй акодтой зарджытæ.
УФ-йы Национ
гвардийы æфсæддон федералон службæйы РЦИ-Аланийы
управленийы
пресс-службæ














