«…Хæсджын дæн æппæт Ирыстонæй дæр…»

0
64

Сæрмагонд æфсæддон операцийы æртыккаг къуыри цыдис, афтæмæй фæмард нæ хъæбатыр хæстонтæй иу. Уый не ‘ппæты стыр хъыг æмæ маст у, фæлæ уæлдай зæрдæриссæн æмæ æнæкæрон æрхæндæджы хабар та у йæ бинонтæн. Исдугмæ сидзæрæй аззадысты цыппар æнахъом сабийы. Фыдыбæстæйы сæрвæлтау йæ цард чи рауæлдай кодта, уыцы хъæбатырæн саккаг кодтой бæрзонд хæстон хæрзиуæг, кадимæ йæ арвыстой йæ фæстаг балцы. Бынæттон æфсæддон комиссарад дæр æвæстиатæй бакодта, зианджынтæн æмбæлгæ æхцайы фæрæзтæ радтынæн цыдæриддæр хъуыдис, æппæт уыцы хъуыддæгтæ. Фæлæ кæм разындзæн ахæм æвдадзы хос, ахæм фæрæз, бинонты стыр зæрдæрыст æмæ æрхæндæг чи æрмынæг кæна?

Дзæуджыхъæуккаг, фыццаг къорды инвалид Лалыты Левæ йæхицæн скарста: «Мæ бон хæстонты æмрæнхъ фронты æрлæууын нæу. Фæлæ мæ уæддæр бацархайын хъæуы мæ адæмæн, мæ бæстæйæн истæмæй ахадгæ æххуыс бакæнын”. Сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонты Левæ æххуыс кодта, нæ республикæйæ æрсидтмæ чи бахауд, уыдонæн æмæ бархионтæн уæлæдарæсæй, фæстæдæр та гуманитарон æххуыс Донбассмæ æрвитыныл архайдта.
Хæсты быдырæй иу иннæйы фæдыл уæззау хабæрттæ хъуысын куы райдыдтой, уæд та Левæ — Дзæуджыхъæуы ветеранты советы сæрдар — бацыд республикæйы æфсæддон комиссарадмæ æмæ ракуырдта, цæмæй йын радтой, тохы быдыры чи фæмард, уыцы хæстонты бинонтæй искæй адрис — æмцегад æмæ сын æххуыс кæнынмæ. Комиссарады дыууæ нал загътой Левæйы куырдиатыл, радтой йын октябрыхъæуккаг Бураты Фидары бинонты адрис. Фидар фæмард, Мариупол уæгъд кæнгæйæ. Лæвæрд ын æрцыд Лæгдзинады орден йæ мæлæты фæстæ.
Бураты бинонтæм бацæуыны размæ Левæ бирæ фæхъуыды кодта, цавæр цæстæнгас бадардзысты зианджын бинонтæ, сæ хионтæ йæ хъæппæрисмæ, раст æй бамбардзысты æви нæ, æппæт уыдæттыл. Йæ фæндонимæ сразы сты Левæйæн йæхи бинонтæ дæр — йæ бинойнаг æмæ кæстæртæ, уым аиппæй ницы ис, арфæйаг хъуыддаг у ахæм зын сахат сын баххуыс кæнын, зæгъгæ.
Бинонтимæ фыццаг фембæлды рæстæг Левæ ссардта хъæугæ ныхæстæ йæ фæндон бамбарын кæнынæн. Загъта, Фидары лæгдзинад æмæ æхсар йæ цæсты куыд тынг сахадыдтой, ирон фæсивæдæй сæрыстырдзинад йæ зæрдæйы ноджы стырдæр бынат куыд бацахста, æппæт уыдæтты тыххæй. Фидары лæппутæ Вадим æмæ Асланæн та бафæдзæхста, сæ фыды, сæ мыггаджы кад ноджы бæрзонддæр къæпхæнтæм сисыныл куыд бацархайой, уый.
— Кæй зæгъын æй хъæуы, æз ссардтаин мæхæдæг дæр фæрæзтæ Бураты бинонтæн материалон æгъдауæй феххуыс кæнынæн. Фæлæ мæм æрмæст уый фаг нæ фæкаст — хæсты быдыры знаджы ныхмæ цы лæппутæ лæууынц айнæг къæдзæхау, уыдоны бинонтæм хъуамæ иудадзыг дæр нæ цæст дарæм, æххуысхъуаг сæ мацæмæй уадзæм. Уымæ гæсгæ, баныхас кодтон мæ зонгæ амалхъом адæмимæ, æмæ абон бынæттон хойраджы комбинат æнæсцухæй æрвиты Бураты бинонтæн дзидзайы хæлц, кæрчыты фабрикæ æрбаласынц æйчытæ, хæстæгдæр дуканийы та сын дæттынц хъарм дзул. Æппæт уыдæттæ — лæвар… Уымæй уæлдай ма, Левæ йæхæдæг ахадгæ æххуыс кæмæн бакодта, уыцы хуыйæн ательейы хицау фæногдæр кæны лæппуты уæлæдарæс.
Цоты хистæр Вадим, Левæимæ ныхаскæнгæйæ, ской кодта йæ бæллиц — æфсæддон дæсныйад райсын. Уый Левæйæ нæ ферох. Бацархайдта, цæмæй Вадимы райсой суворовон училищæмæ. Ныртæккæ у æвдæм къласы ахуырдзау.
Уый у æцæг хорздзинад ракæнын: уæлдæр хицауады амынддзинæдтæм, æхсæнадон акцитæм æнхъæлмæ нæ кæсгæйæ, дæ гæнæнтæ, дæ фадæттæ куыд амонынц, афтæ æххуыс кæнын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бинонтæн.
Лалыты Левæйы нæй олигарх схонæн, уæдæ йæ иуæй-иу æнтыстджын амалхъомтимæ дæр нæ абардзынæ. Фæлæ йæ исбонæй, йæ рæстæмбис гæнæнтæй æнæвгъауæй хай кæны, царды зын фæлварæнты чи бахауд, æххуысхъуаг æцæгæй дæр чи у, уыдонæн. Уарзы йæ Ирыстон, йæ адæмы, мæт кæны фæсивæды сомбоныл. Уымæн æвдисæн сты бирæ дæнцæгтæ — бахуыйын кодта скъоладзауы уæлæдарæс хъæуккаг скъолайы фыццагкъласонтæн, иннæ скъолайы хуыздæр рауагъдонтæн та снысан кодта стипенди, йæхи хилдасæны къуырийы кæцыдæр бон лæвар балæггад кæнынц ветерантæ æмæ бирæсывæллонджын бинонты цотæн. Левæ йæхи хардзæй сæвæрдта цыртдзæвæнтæ йæ намысджын æмзæххонтæн — Хетæгкаты Къоста æмæ Плиты Иссæйæн.
Арæх бабæрæг кæны, госпитæлы сæ цæфтæ чи дзæбæх кæны, уыцы хæстонты. Иуахæмы госпитæлы сæмбæлд æвзонг уырыссаг лæппу Григорий Кулешовыл. Уымæн иу къуырийы размæ алыг кодтой йæ иу къах, æмæ лæппу йæхимæ ныхъхъуыста, цалдæр боны хæрын дæр нал бакуымдта. Левæ йын йæхи бацамыдта, йæ фарсмæ сынтæгыл æрбадт. Ныфсытæ æвæрдта Григорийæн, загъта, царды алцыдæр вæййы, хатгай уæззау фæлварæнтæ дæр, фæлæ сын сæттын нæ хъæуы.
Кулешов ницы дзырдта, ныхъхъус, стæй комкоммæ бакаст Левæйы цæстытæм æмæ æнкъардæй афтæ бакодта: «Æз дæр, бæгуыдæр, афтæ дзурин, дæ бынаты куы уаин æмæ зынаргъ хæдтулгæйы госпитæлмæ лæвæрттимæ куы ‘рбацыдаин, куы ницæй мæт мæ уаид…»
Уыцы ныхæстæм Левæ исдуг фæкуыддæр. Стæй æнæдзургæйæ йæ хæлафы дыууæ фадыгыл хæрдмæ схæцыд, æмæ къæхты бæсты Григорий федта дыууæ протезы — цæмæй зыдта лæппу, Левæ йæхæдæг дæр, æвирхъау фæндагон фыдбылызы бахаугæйæ, æнæ къæхтæй кæй баззад, уый. Григорий фæджих, иуцасдæр рæстæг сдзурынхъом нал фæци, стæй аххосджыны каст бакодта Левæмæ: «Бахатыр мын кæн».
Уый фæстæ ма Левæ æмæ Григорий цалдæр хатты фембæлдысты, фæлымæн сты. Левæимæ ныхæсты фæстæ лæппу йæхиуыл фæхæцыд, сæхимæ дæр фыстæг арвыста. Госпитæлæй йæ куы рафыстой, уæд та стыр арфæтæ кодта Левæйæн.
Ахæм фембæлдтытæн ис егъау ахадындзинад, уый хуыйны психологон æххуыс. Æмæ Левæ бахатыд Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрадмæ, цæмæй уыцы пайдайаг фæлтæрддзинад парахатдæрæй пайдагонд цæуа госпитæлты, хæстон быцæуты уæнгцух чи фæци, уыцы æфсæддонты дзæбæх кæнгæйæ. Министрады уыцы хъæппæрис хорзыл банымадтой.
Лалыты Левæйы куы бафарстон, куыд æххæссы æппæт уыцы хорздзинæдтæ кæныныл, æхсæнадон куыстыл, йæ амалхъомады архайдыл, уæд мын, бахудгæйæ, загъта: «Мæхæдæг фыдбылызы куы бахаудтæн, уæд мæм дохтыртæ уый бæрц туг бауагътой, æмæ йæ абон дæр нæ зонын, бузныг кæмæн зæгъон, кæй туг мын феххуыс. Уымæ гæсгæ, нымайын афтæ: хæсджын дæн æппæт Ирыстонæй дæр æмæ дзы йæ алы цæрæгæн дæр хъуамæ хорзы бацæуон, цас мæ бон уа, уый бæрц».
Йæ арфæйаг хъуыддæгты Лалыты Левæ æхсæнадмæ хæццæ кæны, мæнмæ гæсгæ, иу сæйраг хъуыды: цы хорздзинад кæнай, уый хъуамæ амидин кæна иннæты дæр ахæм хъæппæрис бафæзмынмæ, равдисынмæ. Уæд нын иумæйаг хъарутæй дзæвгар æнцондæр уыдзæн царды зын фæлварæнтыл уæлахиз кæнын…
Владимир Сосницкий,
газет «Красная звезда»,
2023 аз, апрел

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here