Абон дæр йе ‘мбæлттæ, знаджы ныхмæ лæгæй-лæгмæ æдæрсгæйæ кæимæ лæууыд Харебаты Азæмæт, уыцы лæппутæ æмхуызонæй дзурынц, куыд æдæрсгæ, сæрæн, хæларзæрдæ уыдис, цыфæнды зын, тæссаг уавæры дæр куыд зыдта, куыд рæвдз арæхсти уæззау фæлварæнæй рацæуын.
Йæ размæ цы вазыгджын хæстæ уыдис, уыдон æмбæлгæ хуызы сæххæст кæнынмæ куыд тырныдта — æппæт уыдæтты тыххæй. Дзурынц, æмгардзинад куыд бæрзонд æвæрд уыди Азæмæтмæ, бахъуыды заман æххуысхъуагæн куыд ницы бавгъау кодтаид, уый тыххæй дæр…
Сæрмагонд æфсæддон операцийы Харебаты Ильяйы фырт Азæмæт архайдта йæ тæккæ фыццаг бонтæй фæстæмæ. 2022 азы мартъийы хистæр прапорщик Харебаты Азæмæт, знаджы сармадзанты нæмгуытæ ницæмæ даргæйæ, æнæкъуылымпыйæ хæццæ кодта йе ‘фсæддон хайы хæстонтæм хæцæн æрмæг æмæ артаг.
2022 азы 10 декабры та, Запорожьейы облæсты хъæу Коновалово уæгъд кæнгæйæ, Азæмæтæн йæ зынг ахуыссыд. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд майдан «Æфсæддоны æхсар», стæй «Лæгдзинады орденæй» (мæлæты фæстæ).
Бирæ цæрыны рæстæг нæ радта хъысмæт Азæмæтæн. Райгуырд 1983 азы Джызæлы. Хъæуы 2-æм астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыд Хæххон паддзахадон аграрон университетмæ, фæци йæ, ацыд Æфсады службæ кæнынмæ. Алы ран дæр йæхи æвдыста фæзминагæй. Стыр кад уыдис Азæмæтæн йæ райгуырæн хъæубæсты фæсивæды ‘хсæн дæр, аргъ кодтой йæ ныхасæн, уынаффæйæн.
Уæдæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фæуæлахиз Джызæлы футболон командæ йæ ныхмæлæуджытыл Азæмæты рæвдз хъазты фæрцы.
Нæ разындзæн ахæм æвдадзы хос, ахæм фæрæз, æмæ Азæмæтæн йæ ныййарæг мад Ритæйы, æфсымæр Ромæйы, йæ цардæмбал Каринæйы зæрдæйы рис æмæ æрхæндæг чи æрмынæг кæна, ницыма ахæм æрхъуыды кодта æрдз, стæй не ‘рхъуыды кæндзæн.
Баззади Азæмæтæн йæ фæстæ йæ хъæбул Георги, ныртæккæ цæуы æртыккаг къласмæ, дзюдойы секцийы архайы. Уымæн йæ сахъгуырд фыды рухс ном кæддæриддæр уыдзæн фæндагамонæг стъалыйау, æмæ йын йæ царды фæндагыл æххуыс кæндзæн æцæг ирон лæджы миниуджытæй æххæст уæвынæн.
Хæмыцаты Морис














