Мад æнхъæлмæ каст йæ фырттæм…

0
370

Хæст… Адзалхæссæг хæст. Кæннод йе ‘ндзарджытæ ныййарджыты хъæбулты тæригъæдæй пиллон арт суадзæнт!

1941 азы 22 июны райсомæй раджы цыппар сахатыл немыцаг фашисттæ куы ‘рбабырстой Советон Цæдисмæ, уæд хистæрæй-кæстæрæй, нæлгоймагæй-сылгоймагæй сыстадысты цыфыддæр знаджы ныхмæ.
Сæ цæссыг калгæйæ, зæрдæ рисгæйæ, сæ хъæбулты, æфсымæрты, цардæмбæлтты фæндараст кодтой хæстмæ. Елхотæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ, цыфыддæр знагæн бæрзæйсæттæн цæф ныккæнынмæ чи фæцыдис, уыдонимæ уыдысты Бæройты Абейы фондз фырты: Хъантемыр, Уæсмæн, Агуыбечыр, Хадзыбечыр æмæ Дзæрæхмæт. Нал сæмбæлдысты сæ фыдæлты уæзæгыл. Хъæбатырæй фæмард сты тохы быдырты.
Ныййарæг мад… Куыд фидар разындысты йæ фæрстæ, йæ хъæбултæй иуы мард — Дзæрæхмæты, Госæма йæхæдæг Æрыдоны мæрдты ‘хсæн куы ссардта, уæд! Уый уыдис, знаг Ирыстонмæ куы схæццæ, уыцы рæстæг. Мæнæ куыд фыссы уыцы цауы тыххæй поэт, журналист Дауыраты Дамир йæ уацхъуыды «Ныккæнæм, лæппутæ, уæлахизы зарæг», кæцы мыхуыргонд æрцыд чиныджы «Зæххыл рæстагон хæст цыди» (1970 азы рауагъд): «Салдæтты цæсгæмттæ бомбæтæ афтæ фехæлдтой, æмæ сын базонæн дæр нал уыди. Уæд Госæмайы зæрдыл æрбалæууыд: йæ кæстæр лæппу, колхозы бæхтæ бирæ чи уарзта, фæскомцæдисонты хъæппæрисджындæр чи уыд, уыцы лæппуйæн, хæстмæ цæугæйæ, йемæ радта хъæдын уидыг. Æмæ зæрдæнкъуыст сылгоймаг мард салдæтты уырзæй сгæрста. Куыннæ атыппыр уыдаид йæ зæрдæ, къух уыцы уидыгыл куы аныдзæвыди, уæд».
Ацы ныхæстæ кæсгæйæ, цыфæнды дурзæрдæ адæймаг дæр йæ цæссыгтæ нæ бауромдзæн. Уæдæ Хадзыбечыр сæхимæ фронтæй цы фыстæг сæрвыста, уый дæр зæрдæйы уидæгтæ агайы: «Æвæццæгæн мæ æфхæрут, уæ писмойæн уын дзуапп æрæгмæ кæй дæттын, уый тыххæй. Дæрддзæф уыдтæн æмæ мæй æмæ ‘рдæг æфсæддон рынчындоны фæдæн. Фæдзæбæх дæн, ныр та ногæй цæуын уыцы цъаммарты, фашистон лæгсырдты цæгъдынмæ. Дæн тæхæг-лейтенант. Нана, мæнæ куы ссæуон, уæд дæ мæ хæдтæхæджы Мæскуымæ ласдзынæн. Тæрсгæ ма кæнут, фендзыстæм нырма кæрæдзийы».
Фæлæ дзæгъæлы ныфсытæ æвæрдта йæ мадæн, нал федтой кæрæдзийы: фæмард знаджы нæмыгæй. Нал федта Госæма йæ иннæ хъæбулты дæр, афтæмæй сау ингæнмæ бацыд 1967 азы.
Бæройты хъæбатыр, æдзард фондз æфсымæры ном баззад зарæджы. Йæ рæстæджы сыл æй скодта Заманхъулы зарæггæнджыты къорд, сæ сæргъы Дзиойты Хъауырбег æмæ Хъуысаты Рая, афтæмæй. Æфсымæрты ном ма хæссы Елхоты уынгтæй иу.
Мыхуыр кæнæм зарæджы ныхæстæ:

Уæй, тох, хæсты тох æрцыди, лæппутæ!
Фашистон тугдзыхтæ нæ бæстæмæ лæбурдтой,
Бæройты Абейы фондз фырты
карз тох фæкодтой,
Уæлахизы тохы лæгдзинад равдыстой,
Хæрзбон, нæ Ирыстон!
Уæртæ Цъыфджыны фалейæ
Ой, уæй нæ лæппутæ!
Стыр тохы зарæг ныккæнут, фæсивæд,
Абейы фондз фыртыл стыр тохы зарæг!
Ой, сæ Райгуырæн бæстæйæн стыр кад скодтой,
Хæрзбон, нæ Ирыстон!
Уæй, тох, сæ хистæр Хъанте
Йæ кæстæр æфсымæртæм радыгай фæдзуры:
Лæбурджыты ныхмæ стыр тох ныккæнæм,
Ой, Коммунистон партийæн стыр аргъ скæнæм,
Нæ зæронд партийы уазæг.
Ой, тох, Пыхсы комы дзæбидыр
арсы фæрныхъултæ
Уæсмæны сармадзан йæ танкæйы хуылфæй
арсы мард кодта.
Ой, советон танкисттæ хъæбатыр тох кодтой,
Хæрзбон, нæ Ирыстон!
Ой, тох, денджызы бабызтæ,
Уæларвы лæппутæ маргъы каст куы кодтой.
Хадзыбечыр бадзуры: мæнæн мæ хæдтæхæгæй
Немыцы тæхджытæ марджы тарст кодтой!
Уæлахизы тохы мæ сау туг ныккалди.
Хæрзбон, нæ Ирыстон!
Уæй, тох, зæххы кусджытæ
Цæгатæй ныббырстой, цæгатæй, лæппутæ!
Агуыбечыр бадзуры:
Мæ хæстон æмбæлттæн сæ разæй ныббырстон,
Ой, ацы налат фашисттæн
бынтон цагъд ныккодтам.
Хæрзбон, нæ Ирыстон!
Ой, тох, Хæзныдоны рагъæй,
Уæззау туг ссардтой, уæззау туг, æфсымæртæ,
Дзæрæхмæт куы бадзуры:
Æрыдоны зæххыл мæ сау туг ныккалдтон,
Ой, мæ рæзгæ сау уæрдон мын Елхотмæ æрластой
Мæ уарзон æмгæрттæ.

Тлаттаты Светланæ,
Уæрæсейы Журналистты цæдисы уæнг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here