Æфсæддонтæ — æцæг бæгъатыртæ

0
249

Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты бæрæгбоны кадæн Уæрæсейы æфсады хуссайраг зылды цы мадзæлттæ арæзт æрцыд, уыдонæй иу уыд не ‘фсæддон зылды службæгæнджыты спартакиадæ спорты дæс хуызæй.

Уыцы ерыстæй иутæ ацыдысты Дзæуджыхъæуы. Хъуылаты Бадзийы номыл cпортивон галуаны тыхæвзарæн спорты æртæ хуызæй ерыс кодтой сæдæ æфсæддон спортсмены. Ерысты архайджытæ уыдысты, куыд æрыгон æфсæддонтæ, афтæ контрактон службæгæнджытæ дæр.
Тыхæвзарæн спорты хуызтæ уыдысты: уæззæуттæ исын, хæдтулгæ лæгдыхæй, æзфæраздæронæй 40 метрмæ фæласын æмæ бæндæнæй ивазæнтæ командæты ‘хсæн.
Ерыстæ æртæ хуызæй дæр цыдысты цымыдисаг тохты. Æфсæддон спортсментæ равдыстой хорз физикон цæттæдзинад æмæ уæлахизмæ тырнындзинад.
Лæгдыхæй машинæ йæ фæстæ ласгæйæ æмæ уæззæуттæ исгæйæ дыууæ хуызы ерысы хицæн спортсменты ‘хсæн 1-аг бынат рамбылдта 11659-æм æфсæддон хайы службæгæнæг Яков Соляник, 2-аг бынатмæ рацыд 62829-æм полчъы службæгæнæг Магомед Курбанов (сæ дыууæ дæр — Краснодары крайæ), 3-аг бынат та бацахста 8-æм æфсады (Новочеркасскы) службæгæнæг Илья Куницын.
Командæты ‘хсæн 1-аг бынат бацахстой 58-æм æфсады (Дзæуджыхъæуы) службæгæнджытæ, 2-аг бынатмæ рацыд Новочеркасскы уæвæг 8-æм æфсады командæ, 3-аг та ссис Стъараполы 49-æм æфсады командæ.
Хицæн æфсæддон хæйтты ‘хсæн дыууæ хуызы ерысты 1-аг бынат бацахста Ростовы облæсты уæвæг 01957-æм æфсæддон хайы командæ, 2-аг ссис Стъараполы крайы 11659-æм æфсæддон хайы командæ, 3-аг бынат та — Волгограды уæвæг 51473-æм æфсæддон хайы службæгæнджытæ.
Тынг цымыдисаг рауадысты командæты ‘хсæн бæндæнæй ивазæнты ерыстæ. Ацы ран иттæг сæрæн архайд кодтой Дзæуджыхъæуы æрбынæттонуæвæг 58-æм æфсады спортсментæ. Уыдонæн тыхджын ныхмæлæууæг кæронбæттæны уыди Волгоград æмæ горæт Тимошевскы æфсæнвæндагон æфсæддон хæйтты иугонд командæ. Сæ ныхмæлæуды дзæуджыхъæуккаг æфсæддонтæн бантыст 2:0 хыгъдæй рамбулын æмæ бацахстой 1-аг бынат. 2-аг бынатмæ рацыдысты сæ ныхмæлæуджытæ, 3-аг та ссис Новочеркасскы 8-æм æфсады командæ. Ацы æртæ командæйы, æмткæй райсгæйæ, бацахстой 1-3-аг бынæттæ.
58-æм æфсады физикон цæттæдзинады хайады сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг, æфсады дæлбулкъон Персаты Сергей ерысты тыххæй загъта: «Нæ командæйы уыдысты, куыд фæлтæрдджын æфсæддонтæ, афтæ, æрæджы кæмæ фæсидтысты службæ кæнынмæ, ахæм æрыгон лæппутæ дæр. Махæн нæ хæс у не ‘фсæддонты физикон æгъдауæй хорз бацæттæ кæнын, æмæ ууыл куыст цæуы æрвылбон. Нæ архайд дзæгъæлы кæй нæу, уый федтам ацы хатт дæр. Не ‘фсæддонтæ сæхи сæрæнæй равдыстой æмæ бацахстой 1-аг бынат. Уый æхсызгон у, фæлæ уæддæр тырнын хъæуы ноджы цæттæдæр уæвынмæ, æмæ ууыл кусдзыстæм дарддæр. Ныр не ‘фсæддон зылды иугонд командæ архайдзæн Уæрæсейы æфсады спартакиадæйы, æмæ хъуамæ нæхи равдисæм хъомысджынæй».
Æфсæддон спартакиадæ саразджыты разамонæг æфсады булкъон Александр Шутовский дæр разыйæ баззад ерыстæй ацыдæй æмæ Персаты Сергейы ныхæстыл бафтыдта: «Нæхæдæг æнхъæл куыд нæ уыдыстæм, афтæ цымыдисаг рауадысты нæ ерыстæ. Мах ахæм ерыстæ сарæзтам æртыккаг хатт, æмæ иу хаттæй иннæмæ кæнынц цымыдисагдæр. Амæй размæ сæ арæзтам гом фæзыл, æмæ-иу нæ уавæртæ уыдысты хуыздæрхъуаг. Мах стыр арфæ кæнæм, Ирыстоны нын цы хорз уавæртæ скодтой, уый тыххæй. 24 мартъийы Мæскуыйы цæудзысты Уæрæсейы æфсады Кубок рамбулыныл ерыстæ, æмæ мах хъуамæ нæхи уырдæм хорз бацæттæ кæнæм. Мæн уырны, Дзæуджыхъæуы цы спорты хуызтæй ерыс кодтой нæ спортсментæ, уыдонæй Мæскуыйы дæр раззагдæртимæ кæй уыдзыстæм, уый. Ерыстæ кæд хорз ацыдысты, уæддæр ма сын ис ноджы фæхуыздæр кæнын. Зæгъæм, ахæм æфсæддонты ерыстæм кæсынмæ кæстæрты хъуыди æрбахонын, уæлдайдæр та суворовонтæ æмæ скъоладзау лæппуты. Уадз æмæ уыной, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ физикон æгъдауæй дæр хъуамæ куыд цæттæ уой, уый».
Æвæццæгæн, раст у Александр Шутовский, ахæм æфсæддон бæгъатыртæ фæзминаг сты кæстæртæн.

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here