Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты дыууын дыккæгæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.
«Сидзæртæн кæнæ æнæ ныййарджыты æвджид баззайæг сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект Парламенты йæм æркæсынмæ бацæттæ кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг. Уый фæдыл ныхас кодта фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ. Закъоны проект уæрæхдæр кæны, амынд сывæллæтты къордтæн цæрæнуæттæ дæттыны бартæ. Ныхас, фыццаджыдæр цæуы, 23 азы кæуыл сæххæст, афтæмæй цæрæнуат кæмæн нæма ис, йæхæдæг ныййарæг чи ссис æмæ æнахъом сывæллон чи хæссы, ипотекæ чи фиды кæнæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг чи у, уыдоныл.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ. Документмæ фыццаг бакасты æркæсыны фæстæ депутаттæ сфидар кодтой закъоны проект.
Дыккаг бакасты депутаттæ сфидар кодтой, сывæллæтты фæлладуагъды, се ‘нæниздзинад хуыздæр кæныны, рæстæгмæйы куысты бынæттæ сын аразыны, стæй бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы къабазы регоператоры бартæ нывылгæнæг республикон закъонтæ. Ныхас сыл кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Остъаты Георги æмæ Еленæ Князева.
«2023 азы муниципалон сконд Дзæуджыхъæуы социалон-экономикон рæзты тыххæй» æмбырды раныхас кодта Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Куыд загъта, афтæмæй администрацийы куысты сæйраг нысан у дзæуджыхъæуккæгтæн сæ цæрыны уавæртæ хуыздæр кæнын æмæ, се ‘рвылбоны царды цы фарстатæ æвзæры, уыдон лыг кæнын. Горæты бюджетыл ныхас кæнгæйæ, Милдзыхы-фырт бафиппайдта, 2023 азы бюджет йæ æфтиæгтæ кæй сæххæст кодта 8,1 миллиард сомæй. Горæты хицау бæстон æрныхас кодта, арæзтадон организацитæ цы куыстытæ сæххæст кодтой, уыдоны гуырахстыл, горæты цæуæг маршрутон транспорты куыстыл, машинæтæн лæууæн бынæттæ аразыны æмæ æндæр фарстатыл. Куыд загъта, афтæмæй транспорты фарста банывыл кæнынæн ивд æрцæудзысты 18 муниципалон маршруты, 14 та бынтондæр нал уыдзæн. Горæты администраци балхæдта 28 ног автобусы, стæй ма 32 автобусы балхæндзысты хæстæгдæр рæстæг. 2024 азы Дзæуджыхъæуы центры аразын райдайдзысты, машинæтæн 600 бынаты кæм уыдзæн, бирæуæладзыгон ахæм лæууæн бынат.
Уæрæсейы Федерацийы Президенты уынаффæйæ ивгъуыд аз акционерон æхсæнад «ДОМ.РФ» бацæттæ кодта горæт Дзæуджыхъæуы стратегион рæзты мастер-пълан. Уырдæм хаст æрцыд горæты хæдзарад райрæзын кæнынимæ баст 138 проекты, 25 дзы сты сæйрагдæртæ.
Ивгъуыд аз Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады аминистраци æххæст кодта дыууæ национ проекты: «Цæрæнуæттæ æмæ горæты алыварс» æмæ «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгтæ». Фыццаг проекты фæлгæты нывылгонд æрцыд 19 æхсæнадон фæзуаты. Бынæттон бюджеты хардзæй та æнцонвадат уавæртæ арæзт æрцыд 45 бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ. Дыккаг проекты фæлгæты арæзт æрцыд горæты фæндæгты 25 хайы. Иннæтæ цæттæ уыдзысты ацы азы фыццаг кварталы кæронмæ.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. Цæрæнуæттæ Дзæуджыхъæуы æгæр зынаргъ кæй систы, горæты уынгтæй бирæтæ нырма нывылхъуаг кæй сты, машинæтæн лæууæн бынæттæ аразын ноджы фылдæр кæй хъæуы — ацы æмæ æндæр фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд депутаттæ Дудайты Черменмæ, Дыдарты Сосланмæ, Елдзарты Медеямæ, Хъамболты Дзамболатмæ, Бæззаты Аланмæ, Реуазты Ларисæмæ. Фадзайты Арсены фарст та баст уыд Фæскомцæдисон парчы уавæримæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, уыцы уавæрæй горæты цæрджытæ, уæлдайдæр, парчы алыварс чи цæры, уыдон разы не сты. Парк, æцæгæйдæр, ис тынг æдзæллаг уавæры æмæ йæм æвæстиатæй хъæуы базилын. Ацы фарстæн дзуапп дæтгæйæ, Милдзыхты Вячеслав загъта, Фæскомцæдисон парк рацаразынæн уал горæты администраци йæ бюджетæй кæй радих кæндзæн 22 милуан сомы, уый — ацы азы фыццаг æмбисæн. Стæй, бюджеты æфтиæгтæ куыд фылдæр кæной, афтæ парк рацаразыны куыстытæн ноджыдæр ма фæрæзтæ радих кæндзысты.
Дедегкаты Зæлинæ