Сæйрагдæр —Уæлахиз æфсæддон операцийы

0
64

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хæстонты бинонтимæ. Ныхас цыди социалон авналæнтыл, хæстонты хиуæттæм цы фарстатæ сæвзæрд, уыдонæн бæлвырд дзуаппытæ райстой.

Сергей Меняйло загъта, Хицауады æппæт оргæнтæ, тохы быдыры Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау чи фæмард, уыцы хæстонты рухс нæмттæ сæнусон кæныны, сæ бинонтæн та алывæрсыг æххуыс раттыны тыххæй æппæт мадзæлттæ дæр кæй аразынц.
— Æмбарын æмæ мæ зæрдæмæ хæстæг исын уæ рыст. Уæ фыдæлтæ, уæ цардæмбæлттæ, уæ фырттæ æцæг хъайтартæ сты, æмæ сæ мах сæрыстыр стæм. Хъыгагæн, хæсты быдыры хæстонты цард аскъуыны, фæлæ уын фидарæй дзырд дæттын, махæй алчи йæ бынаты кæй архайы, цæмæй уыцы зианты нымæц къаддæр уа. Мах алкæддæр уæ фарсмæ уыдзыстæм æмæ уын æххуыс кæндзыстæм, — загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.
Дарддæр хуынд адæм æрдзырдтой алы фарстатыл, уыимæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты нæмттæ сæнусон кæныны хъуыддагыл дæр, æмæ уый фæдыл загътой сæ хъуыдытæ æмæ фæндæттæ. Сергей Меняйло сæм лæмбынæг байхъуыста æмæ семæ сразы.
— Не ‘ппæт хъарутæй дæр архайдзыстæм, цæмæй сæ ном мыггагмæ цæра. Дызæрдыггаг нæу, 9 Май куыд бæрæг кæнæм, афтæ тагъд рæстæджы кæй бæрæг кæндзыстæм сæрмагонд æфсæддон операцийы Уæлахизы бон дæр — уыдон нæ Райгуырæн бæстæйы историйы сыфтæ сты, иу та сæ кæны нæ фæлтæрты тырнындзинад нæ бæстæ нацизмæй бахъахъхъæнынмæ. Ахуырад æмæ наукæйы министрадæн фæдзæхст æрцыд скъолаты мемориалон фæйнæджытæ байгом кæнын, хъуамæ сыл фыст уа, хæстон цы хъайтардзинад равдыста, цавæр уавæрты фæмард, уыдæттæ. Уæлахизы фæстæ мах æнæмæнг сараздзыстæм цыртдзæвæн сæрмагонд æфсæддон операцийы æппæт фæмардуæвæг хæстонтæн, кæй зæгъын æй хъæуы, сымах фæндæттæ бахынцгæйæ. Сæйрагдæр — Уæлахизы æрцыдмæ банхъæлмæ кæсын, — загъта Сергей Меняйло.
Фембæлды загъд уыди социалон æххуысады тыххæй. Цæгат Ирыстоны сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæн уый тыххæй алыхуызон социалон æххуысады фæрæзтæ ис. Паддзахад сын цы мадзæлттæ снысан кодта, уыдон æххæст кæны фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ», уым алы бинонтæм дæр фидаргонд ис сæрмагонд кусæг, кæцы афойнадыл лыг кæны, цы фарстатæ сæм сæвзæры, уыдон. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ.

Гапбаты Алетæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here