Театрмæ æрбацыдтæ — дæхи уæздан дар

0
63

Кæмфæнды ма уæд театр, уæддæр йæ æмвæзад бæрæг у бынæттон театралон цард æмæ театрдзауты культурæйæ.

Уæрæсе æмæ дунейы театралон аивады дæснытæй иу — Евгений Вахтангов, Мæскуыйы театрдзауты культурæйы хъомылады фарстатæ нывыл уагыл сæвæрынмæ тырнгæйæ, спектаклы агъоммæ æрвылизæр цыд залы бадæг адæмы ‘хсæнмæ. Амыдта сын хи дарыны æмæ сæ æххæст кæныны æгъдæуттæ. Цыбыр дзырдæй, Октябры революцийы фæстæ адæм арæх æрæджы кодтой спектаклтæм, цыдысты цинелты, семæ æхсынæнтæ æмæ хæринæгтæ хастой, афтæмæй. Чысылгай, фæлæ сахуыр сты Евгенийы амынддзинæдтыл.
Рацыд афæдзмæ ‘ввахс, Ирон театры разамынд Вахтанговы хъомылады мадзæлттæй пайда кæнын куы райдыдта, уæдæй. Спектаклы агъоммæ залы бадджыты размæ рацæуы йæ аивадон разамонæг Уалыты Гиви, цæмæй ма иу хатт фехъусын кæна театрдзаутæн, сæхи куыд хъуамæ дарой, уый æгъдæуттæ: театрмæ нæй спортивон уæлæдарæсы цæуæн, дзæнгæрæг æртыккæгæм хатт куы ныййазæла, уæд залмæ бахизыны бар нæй, спектаклы рæстæг залæй куы рацæуай, уæд фæстæмæ баздæхæн уыдзæн антракты фæстæ, телефонтæ спектаклы рæстæг хъæуы ахуыссын кæнын, спектаклмæ чысыл сывæллæттимæ цæуыны бар нæй. Уæвгæ, культурæйы кувæндоны нысан кæнынц уыдонæн, хъазгæ кæм кæндзысты, ахæм уат байгом кæнын, цалынмæ сæ ныййарджытæ спектаклмæ кæсой, уалынмæ сæм уым хъомылгæнджытæ цæст дардзысты.
…Ирон театры залы адæмæй къух бакæнæн нæ уыд, уыцы бон дзы æвдыстой спектакл-трагеди. Нæма райдыдта, афтæмæй залы бадджытæм фæсидтысты, цæмæй сæ чырæг телефонтæ ахуыссын кæной, залы спектаклы рæстæг дыууæрдæм ма кæной. Сценæйы актертæ зæрдæриссæн ныв куы хъазыдысты, уыцы рæстæг залы бындз куы атахтаид, уæддæр йæ базырты змæлд хъуыстаид, адæм цымæ улæфгæ дæр нал кодтой. Хъомыладон куысты дыргътæ дзæгъæлы нæ уыдысты, цæттæ кæнын райдыдтой æмæ хорз тыллæг дæттынц.
Театрмæ уарзондзинад сæ туджы ис республикæйы цæрджытæн, хи хæдзармæ цæуæгау, вæййы алы хатт се ‘рбакъахдзæф удгоймаджы æнкъарæнты куырдадзмæ. Театры кусджытæ дæр сæм уазæджы цæстæй нæ кæсынц, кæй тыххæй фыдæбон кæнынц, сæ архайды сæр чи у, уыдонмæ. Театр, уæлдайдæр — академион, нырыкконæй хъауджы, хиирхæфсæн бынат нæу. Удæгас аивады фæрцы актертæ, æмæ, се сфæлдыстад фенынмæ чи æрбацæуы, уыдоны ‘хсæн сæвзæры, цæст кæуыл нæ хæцы, уыцы тыхджын эмоционалон-энергетикон æнкъарæнты тыгъдад. Хорз спектаклæй театрдзау разыйæ куы баззайы, уæд ма дзæвгар рæстæг йæ хъуыдытæ вæййынц, сценæйы цы архайд федта, уыимæ. Æмæ, кæд театрдзауы миддунемæ рæсугъд фæндаг ссардтой театрæн лæггадгæнджытæ, уæд «удæгас» аивадмæ дыууæрдæм фæндагыл театрдзауы æрбакъахдзæф дæр хъуамæ аив уа алкæд.

Хуыбиаты Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here