Кæсæг-Балхъары Республикæйы сæйраг горæт Налцыччы уæгъдибар хъæбысхæстæй цыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты ерыстæ.
Ирыстоны богæлттæн Налцыччы бантыст æхсæз хæрзиуæджы рамбулын. Уыдонæй: 1 — сыгъзæрин, 2 — æвзист æмæ 3 — бронзæ майданы.
Нæ богæлттæй 1-аг бынат бацахсын бантыст æрмæстдæр Найфонты Аланæн. Уый, 86 кг онг уæзы хæцгæйæ, рамбылдта йæ фондз ныхмæлæууæджы æмæ ссис нæ федералон зылды чемпион.
Фæйнæ цыппар ныхмæлæууæгыл фæуæлахиз сты Зехъеты Ислам (70 кг онг уæз) æмæ Теблойты Ацæмæз (125 кг), фæлæ сæ дыууæ дæр фæхæрд сты кæронбæттæны æмæ бацахстой 2-аг бынæттæ, æртыккаг бынæттæм та рацыдысты æмæ бронзæ майдантæй хорзæхджынгонд систы Сæбанты Алыксандр (65 кг), Хæдзарагаты Азæмæт (86 кг) æмæ Таугазты Ирбег (97 кг).
Чемпионаты 1-аг бынæттæ бацахстой: 57 кг — Муслим Садулаев (Цæцæны Республикæ), 61 кг — Абубакар Муталиев (Цæцæны Республикæ), 65 кг — Рамазан Ферзалиев (Дагестан), 70 кг — Абудауд Ибрагимов (Дагестан), 74 кг —Ахмед Хамидов (Дагестан), 79 кг — Дибир Магомедов (Дагестан), 86 кг — Найфонты Алан (РЦИ-Алани), 92 кг — Шайх Джаватханов (Дагестан), 97 кг — Асхаб Балтукаев (Цæцæны Республикæ), 125 кг — Умар Исрапилов (Цæцæны Республикæ).
Ацы чемпионты номхыгъды Дагестан æмæ Цæцæны Республикæйы богæлтты ‘хсæн ирыстойнаг лæппу, сидзæрау, иунæгæй кæй баззад, уый хъуыдыйаг у нæ республикæйы спорты рæзтыл архайджытæн.
Ацы фарста дард æргъæвинаг кæй нæу, ууыл дзурæг сты нæ алы кары богæлтты фæстаг рæстæджы бæрæггæнæнтæ.
Рамбылдта æвзист майдан
Горæт Суздалы 19-22 февралы грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй цыдысты Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ æрыгæтты (18 азы онг) ‘хсæн. Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерысы бацыдысты нæ бæстæйы 66 регионы 620 спортсмены. Се ‘хсæн цы ‘хсæз ирон лæппуйы уыди, уыдонæй æвзист майданæй хорзæхджын ссис тренер Гæбæраты Асланы хъомылгæнинаг Козаты Олег. Уый 85 кг онг уæзы фæуæлахиз цыппар ныхмæлæууæгыл, фæлæ кæронбæттæны фембæлды фæхæрд Ульяновскы облæсты минæвар Тимофей Меркуловæн æмæ бацахста 2-аг бынат. Не ‘рыгон богалæн ахæм архайд банымайын æмбæлы хорз æнтыстыл. Ныр сæйрагдæр уыдзæн, йæхиуыл дарддæр куыд кусдзæн йæ тренеры разамындæй, уый.
Баскаты Уырызмæг