Ерыстæ — бæрæгбоны кадæн

0
103

Æрхонкæйы станицæйы фарсмæ цы мотодром ис, уым Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты боны кадæн арæзт æрцыдысты РЦИ-Аланийы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ мотоциклетон спортæй.

Ирыстоны спортсментæй уæлдай дзы архайдтой Уæрæсейы 31 регионы минæвæрттæ. РЦИ-Аланийы чемпионат æмæ Кубок рамбулыныл æдæппæтæй ерыс кодтой 70 мотоциклисты.
Спортсментæ æмæ уазджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой: РЦИ-Алани æмæ ЦКФЗ-ы Мотоспорты федерациты президент Вячеслав Фисенко, Стъараполы крайы мотоспорты федерацийы президент Татьянæ Губанова, Æрхонкæйы станицæйы сæргълæууæджы хæдивæг Максим Кулюшин, мотоспорты ветеран Александр Кива.
Алы хаттау ныр дæр мотоциклетон спорты дæснытæ дисы бафтыдтой сæ ныфсхаст архайдæй. Ерыстæ цыдысты æрыгæттæ, чызджытæ, ас спортсментæ æмæ хистæр кары мотоциклистты ‘хсæн, цалдæр къласы мотоциклтыл бадгæйæ.
Кълас — 65 см3-ы фесгуыхт Кæсæг-Балхъары Республикæйы минæвар Марк Ременюк, 85 см3-къласы — 1-аг бынат рамбылдта Стъараполы крайы цæрæг Савелий Виноградов, кълас — 125см3 — æрыгæтты ‘хсæн фæуæлахиз горæт Прохладныйы цæрæг Дмитрий Митюков. Ас спортсменты ‘хсæн кълас 125см3-ы 1-аг бынат рамбылдта ирыстойнаг мотоциклист Елхъанаты Ацæмæз, кълас 250см3 та 1-аг ссис иннæ ирыстойнаг спортсмен Александр Кива (кæстæр). Ацы къласы 2-аг бынат бацахста италиаг спортсмен Убальди Джовани, уый ерысты архайдта Калугæйы облæсты номæй.
500см3-«Китай» мотоциклтыл ерысы 1-аг бынат рамбылдта дагестайнаг спортсмен Рамзан Гаджибагомедов. Йæ фæстæ 2-аг æмæ 3-аг бынæттæ бацахстой ирыстойнæгтæ Михаил Болелов æмæ Дмитрий Ракитянский.
Гом кълас «Мастер»-ы ерыстæй 1-аг æмæ 2-аг бынæттæ рамбылдтой Сырхауты Артур æмæ Парсиаты Алыксандр.
Кълас «Мастер-А»-йы 1-аг бынат рамбылдта алагираг мотоциклист Дзугкойты Дмитри, кълас «Мастер-В»-йы та йæ бафæзмыдта Парсиаты Алыксандр.
Нæ зындгонд мотоциклисттæ Сырхауты Артур æмæ Александр Кива (хистæр) 1-аг æмæ 2-аг бынæттæ рамбылдтой кълас «Мастер-С»-йы ерыс кæнгæйæ.
Кълас «Спортуарзджытæ»-йы ерысты фæуæлахиз Стъараполы крайы минæвар Тигран Асцатрян, кълас «Мастер-Д»-йы та Владимир Бураков (уый дæр Стъараполы крайæ).
Стъарапойлаг чызг Светланæ Курбанова сылгоймæгты ерысы фæразæй дзæуджыхъæуккаг чызг Александрæ Хацаюкæй, æмæ афтæмæй бацахстой 1-аг æмæ 2-аг бынæттæ.
Командæты ‘хсæн мотокроссæй РЦИ-Аланийы чемпион æмæ ЦКФЗ-ы Кубок рамбулæг ссис СТК «Æрхонкæ», 2-аг бынатмæ рацыд горæт Светлограды командæ, 3-аг та ссис Стъараполы командæ.
«Эндуро-кросс»-æй ерыстæ рауадысты ноджы цымыдисагдæр. Ацы ерысты мотоциклистты фæндагыл вæййынц алыхуызон цæлхдуртæ, æмæ уыдоны сæрты атæхынæн фæхъæуы амæлттæ агурын.
«Эндуро-кросс»-ы кълас Е1, 250 см3-æй 1-аг ссис Кæсæг-Балхъары Республикæйы минæвар Азрет Доттуев, 2-аг бынатмæ рацыд стъарапойлаг спортсмен Алексей Пьявкин, 3-аг бынат та бацахста æрхонкæйаг лæппу Иван Наливайко.
Кълас Е2 — 500 см3-ы ерысты æрхонкæйаг иннæ лæппу Александр Кива (кæстæр) рамбылдта 1-аг бынат, кълас Е3 «Китай»-йæ та уæлахиздзау ссис Чмийы цæрæг ирыстойнаг лæппу Луко Миракишвили. Ацы къласы ма 2-аг бынат бацахста дзæуджыхъæуккаг Дмитрий Ракитянский.
Чызджыты ерысы 1-аг бынат бацахста стъарапойлаг спортсменкæ Светланæ Курбанова, 2-аг та ссис дзæуджыхъæуккаг чызг Александрæ Хацаюк.
Командæты ‘хсæн РЦИ-Аланийы чемпион æмæ ЦКФЗ-ы Кубок рамбулæг ссис СТК «Æрхонкæ».
Ерыстæ саразджытæ стыр бузныг сты, сæ фарсмæ чи æрбалæууыд, уыцы æххуысгæнджытæй: РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады, Физикон культурæ æмæ спорты министрадтæй, Æнæнхъæлæджы цауты министрад, Горæтгæрон районы æмæ Æрхонкæйы станицæйы администрацитæй.
Зæрдиаг арфæ кæнынц, спонсорон æххуыс цы куыстуæттæ бакодтой, уыдонæн: «Аудио мастер», «Чистая польза», «Порог неба», «Ирон мотогон», «Дзæуджыхъæуккаг скалодром»-æн.

Баскаты Уырызмæг

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here