Хъомысджын æмгуыстадæн — ахадгæ бæрæггæнæнтæ

0
41

Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин цы стратегион сесси сарæзта, уым равзæрстой, вице-премьертæ федералон зылдтæм сæ цæст куыд дарынц, уый. Сессийы архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Федералон зылдтæм цæстдарыны институт сарæзтой 2021 азы июлы мæйы. Йæ нысан у регионты царды хæрзхъæддзинад уæлдæр æмвæзадмæ сисын æмæ социалон-экономикон рæзт фæтагъддæр кæнын.
Михаил Мишустин куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй социалон-экономикон уавæры бæрæггæнæнтæм гæсгæ субъектты рæзынц æнæбюджетон инвестицитæ —2023 азы кæронмæ сæ бæрц уыдис 9 триллион сомæй фылдæр. Фæстаг дыууæ азы æмæ æрдæгмæ арæзт æрцыд 230 мин куысты бынаты, товартæ æмæ лæггæдты аргъ та схæццæ 6,5 миллиард соммæ.
— Ацы бæрæггæнæнтæ æвдисæн сты, нæ къухы кæй бафтыд хицауад æмæ субъектты, стæй федералон зылдты мидæг регионты ‘хсæн хъомысджын æмгуыстадæн бындур сæвæрын, чысыл бизнес æмæ стыр холдингты æнæмæнг чи хъæуы, уыцы кооперацион бастдзинæдтæ саразын, — бахахх кодта Михаил Мишустин.
Ныртæккæ регионты кураторты активон æххуысæй царды уагъд цæуынц 357 хъæппæрисы. 33 проекты ныридæгæн арæзт сты. Уыцы нымæцты фæстæ, Мишустин куыд загъта, афтæмæй ис, адæмæн æмæ куыстады къабæзты рæзтæн хъæугæ бæлвырд бæрæггæнæнтæ, объекттæ æмæ уынаффæтæ. Сессийы цы проектты кой кодтой, уыдоны ‘хсæн загътой Цæгат Ирыстоны Дзæуджыхъæуы аэропорты ног аэровагзалон комплексы тыххæй дæр, йæ нырыккон инфраструктурæйæ ныр афæдзæй фылдæр пайда кæнынц бæлццæттæ æмæ бынæттон цæрджытæ.
Михаил Мишустин ма æмбырды архайджытæн сæ зæрдыл æрлæууын кодта, вице-премьертæ проекттæ аразыны хъуыддаджы се ‘ргом тынгдæр хъуамæ цæмæ аздахой, уыцы хынцинæгтæ, уыдон та сты регионтæн сæхи продуктты рæзт, инвестициты нымæц фæфылдæр кæнын, куысты ног бынæттæ скæнын, стæй иудадзыг адæмы æфтиæгты рæзтыл архайын. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.

Гапбаты Алетæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here