РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, Дзæуджыхъæуы бæстæзонæн национ музейы хайады разамонæг Гадзиаты Фузæ йæ чиныг «Ирæттæ Дунайы хæсты» (1877-1878 азты) æвдисы, Балхъаны æрдæгсакъадахы цæрджытæ, уыимæ, сæрибаруарзаг адæм куыд сыстадысты туркæгты æфсондзы ныхмæ, цæмæй суæгъд уыдаиккой æбуалгъ цагъар уавæрæй.
«Ирæттæ, Кавказæгты бригады, фыццæгтæ уыдысты кæддæриддæр Дунайы фæстæ тохы дæр æмæ-иу, куы хъуыд фæстæ уæвын, уæд та, æрмæстдæр, фæстæмæ здæхгæйæ, — фыста Кавказаг хъазахъхъæгты бригадæйы командир генерал Т.И.Тутолмин. — Хуыцауы фæрцы, ирæттимæ уыдтæн туркæгты нæмгуыты ныхмæ хæцгæйæ æмæ базыдтон аргъ кæнын ирæтты æхсарджын æмæ арфæйæг хъæбатыр зæрдæтæн». Чиныджы автор æвдисы, хæсты быдыры ирæттæ цы домбайдзинад æвдыстой, уыцы бирæ цаутæ.
Тебиаты Георгийы фырт Аслæмбег (Иосиф) уыд инæлар-майор, æхсарджын хæстонæн (1877 азы) туркæгтимæ хæсты йæ къах фæцæф, лæвæрд ын æрцыд орден æмæ æхсаргард. Фæстæдæр — Уырыссаг-япойнаг хæстæй 1906 азы сыздæхт Ирыстонмæ æмæ йæ райгуырæн Лæцыхъæуы сывæллæттæн байгом кодта йæхи хардзæй скъола…
Уынайлаг Хоранты Дзанхоты фырт Созырыхъо лæууы хъæбатырты нымады фыццæгты рæнхъы. 72-аздзыдæй дæр ма Хоранты инæлар хæцгæ кодта: «Хоранты лæг уыд æцæг инæлар, хъæбатыр æмæ курдиатджын æфсæддон разамонæг. Фыдыбæстæ хъахъхъæныны рæстæг уый бафæрæзта хæстон лæгæвзарæн фæндæгтыл зын тохы хуымæтæг æфсæддонæй инæлары онг тохгæнгæйæ», — фыста зындгонд хæстон разамонæг, Советон Цæдисы Маршæл А.М.Василевский.
Гайттаты Исай уыд инæлар-майор (йæ фыд Тасо уыд Æрыдоны бындурæвæрæг). 29-аздзыдæй æрвыст æрцыд уырыссаг-туркаг хæстмæ, æмæ 3-4 июлмæ 1877 азы æртæрдыгæй куы æрбабырста полкъ, уæд ын йæ бирæ уæлахизты тыххæй лæвæрд æрцыд инæлар-майоры цин. Ахæм хъæбатыр уыд Гайттаты Тасойы кæстæр фырт — Гайттаты Исай!
Хъæдгæройнаг Абациты Къостайы фырт Дзамболат уыд æхсарджын, сахъ хæстон, инæлар М.Д.Скобелевы адъютант. Скобелев-иу уыд æдзухæйдæр урс бæхыл, урс кителы, тыхджын æмæ бархъомыс, уæлахизтæм тырнаг, хуыдтой йæ «урс инæлар». Абацийы-фырт цыфæнды зын уавæрты дæр уыд йемæ, йæ фарсмæ. Йæ риуыл цы хæрзиуджытæ уыд æмвæтæнæгæй, уыдон уыдысты Абациты инæлары хъæбатырдзинады æвдисæнтæ.
Ацы брошюрæ-чиныг стыр æххуыс уыдзæн скъолаты ахуыргæнджытæн фыдæлты цард зонын æмæ хъæбатырты нæмттæ хъуыды кæнынæн ирон литературæйы урокты ахуырдзаутимæ куысты рæстæг.
Бызыккаты Земфирæ