Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины ныстуан Федералон Æмбырдмæ

0
90


Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин 29 февралы 12 сахаты æмæ 14 минутыл Федералон Æмбырдмæ арвыста йæ ныстуан. Президент закъонаразджытæм æрвиты йæ 19-æм ныстуан. Æрмæстдæр 2017 æмæ 2022 азты ныстуан нæ бантыст. Президент куыд бацамыдта, афтæмæй ныхас баст у стратегион нысантимæ. Федералон Æмбырдмæ йæ ныхас банымайæн ис Президент равзарыны агъоммæ Владимир Путины программæйыл. Йæ раныхас ахаста дыууæ сахатæй чысыл фылдæр.

Нæ элитæ сты бæстæйæн службæгæнджытæ
Уæрæсейы Президент куыд загъта, афтæмæй æууæнды нæ уæлахизыл, Уæрæсейы фидæныл. «Мах стæм иумæйаг стыр бинонтæ, цæуыл æууæндæм, куыд нæ фæнды, цæмæ бæллæм, уыдæттæй алцыдæр скæндзыстæм. Æцæг элитæ сты Уæрæсейæн службæгæнджытæ, фæллойгæнджытæ, хæстонтæ, хъуыддагæй йæхи чи равдыста, уыдон. О, æцæгæйдæр, «элитæ»-йы кад фæныллæгдæр ис, фæлæ æцæг хъæбатыртæ хъуамæ рахизой ахуырады, амалхъомады, паддзахадон разамынддæтджыты, регионты æмæ куыстуæтты сæргълæуджыты бынæттæм», — бацамыдта Президент.


Уæрæсейы транспорты фидæн
Уæрæсейы дыууæ хатты хъуамæ фæфылдæр уа туристты змæлд, авиабастдзинад 2030 азмæ 1,5 хатты фæхъомысджындæр уыдзæн. Æппæт аэропорттæй 75 хъуамæ æхсæз азмæ бавзарой рацарæзт, сæ инфраструктурæ ивд æрцæуа. Уыцы нысантæн дихгонд æрцæудзæн 250 милуан сомы.
Президенты хатдзæгмæ гæсгæ, бæстæ хъуамæ суа хи хæдтæхджыты хицау. О, фæсарæнтæй æлхæнæм уæлдæфон транспорт, фæлæ уый æгæр зынаргъ уайы. Нæхи куыстады рæзтыл цæуылнæ хъуыды кæнæм? Президент министрты кабинетæн бахæс кодта трассæ «Джугба-Сочи»-йы арæзтадæн æхца радих кæныны гæххæттытæ бацæттæ кæнын. Ацы ран ма ныхас рауад æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

Фæрæзты тыххæй
Владимир Путины хатдзæгмæ гæсгæ, хъуамæ кæлæддзаг хæдзæрттæй цæрджыты ног фатертæм раивыны ног программæ царды рауадзой. Цæхæрадæтты æмбалæдты цæрджыты бахæсдзысты хæдзæрттæм социалон æгъдауæй газ уадзыны программæмæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, хъуамæ хъалонты уæз æрæнцайа, фылдæр æмæ стырдæр æфтиæгтæ чи исы, уыдоныл, ома, хъæздгуытыл.
Тагъд, ома, 2025 азы йæ тыхы бацæудзæн программæ «Культурæйы хъæуккаг кусæг», уымæ гæсгæ хъæумæ куыстмæ æрцæуæг адæймаг райса иухаттон фиддон — 1 милуан сомы. Ног регионты та — 2 милуан сомы. Уæлдæр ахуыргæнæндæтты хъуамæ фæфылдæр уа фундаменталон дисциплинæтæ амонæг ахуыргæнджыты мызд. Уæдæ 2030 азмæ мызды æппынкъаддæр бæрц суыдзæн 35 мин сомы.

Дунеон терроризмы ныхмæ тох
Владимир Путин йæ ныстуаны скодта ахсджиаг æмæ ахадгæ хатдзæгтæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Уæрæсе æрлæууыд дунеон терроризмы ныхмæ, цы тыхстдзинæдтæ сæвзæрд, уыдоны сæрты нæ бон ахизын бауыдзæн. «Севостополы æмæ Донбассы хъæбатыртæ æвзæрын кæнынц сæрыстырдзинад. Куыддæр сæрмагонд æфсæддон операци райдыдта, афтæ нæ адæм равдыстой сæ ахаст, нæ цуры æрбалæууыдысты», — загъта Президент.
Нæ бæстæ хъуамæ дæрддæр архайа демократийы инстиутты рæзтыл, нæ хъуыддæгтæм хъуамæ мачи ныхила. Президент куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй нын колониалон ныгуылæн нæ рæзт уромы. «Иннæ бæстæтимæ, дунейы регионты, зæгъæм, Украинæимæ цытæ сарæзтой, уый сæ фæнды махимæ дæр скæнын. Мах хъуамæ нæ хæдбардзинад бахъахъхъæнæм сабыр царды дæр æмæ фронты дæр. Уæрæсе кæддæриддæр йæ зæрдыл дардзæн фæмард уæвæг хъæбатырты.
Нæ гæрзифтонг тыхтæм фæзынд стыр фæлтæрддзинад, уынæм, кæм цы аивын хъæуы, уый. Уыцы куыст цæуы фронты дæр æмæ чъылдымы дæр. Мах фæнды сæрмагонд æфсæддон операци ахицæн кæнын, æппæт фарстатæ дæр алыг кæнын, нацизмæн кæрон сæвæрын, нæ граждæнты æдасдзинад бахъахъхъæнын. Уæрæсейы ядерон стратегион хæцæнгарз ис цæттæдзинады фæткы.
Чидæртæ дзурынц, ома, Уæрæсе хъавы йæ ядерон гæрзтæ космосы равæрын, фæлæ уый æрмæст ныхас у. Цæмæй нæ баныхасмæ рахоной, уымæн фадæттæ аразынц, уый та хауы Америчы Иугонд Штаттæм. Мах 2008 азы рахастам космосы ядерон гæрзтæ равæрыны ныхмæ проект, Америчы Иугонд Штаттæ йæ ныхмæ фесты, æвдисынц, нырмæ дæр дунейæн разамынд кæй дæттынц, уый.
Уæрæсе Европæмæ бабырсын кæй хъавы, уый тыххæй сæнттæ цæгъдынц. Сæхæдæг та нæ фæзуæттыл агурынц нысантæ, цæмæй сыл æппарой рæмудзæнтæ. Æнæ тыхджын Уæрæсейæ дунейы сабыр цардæн уæвæн нæй. Тынг бирæ экономикон æмæ æндæр гæрæнтæ æвзарæм», — загъта Владимир Путин.


Промышленносты рæзты фонд
Нырмæ дæр промышленносты рæзты фондыл бафтыд 300 миллиард сомы. Уæрæсейы аразынц куыстадон фæзуæтты 4 милуан квадратон метры, уый хорз бæрæггæнæн у. Уымæй уæлдай, хъуамæ саразæм уæлæмхасæн 10 милуан квадратон метры. Фæстаг азты Уæрæсейы сарæзтам сæдæгай заводтæ, фабриктæ, куыстуæттæ. Индустриалон рæзт фæтыхджындæр кæныны руаджы хъуамæ фæзыной мингай куыстуæттæ, нырыккон ног куысты бынæттæ хорз мыздимæ. Нæ къухы бафтыд промышленнон меню саразын, компаниты бон у æххуысы мадзæлттæ равзарын.
Владимир Путин куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъуамæ уæм хихъом, æнæниздзинад хъахъхъæнынады. Хъуамæ нæм фæзыной станоктæ æмæ куыстады фæрæзтæ аразыны, техникæйы æппæт хуызтæ, æнæтæхæг скондтæ, ног æрмæджытæ. Йæ хатдзæгмæ гæсгæ, хъуамæ уæм ерысхъом, нæ бакуыст та бæрæг дара. Компаниты размæ хъæуы сæвæрын бæрзонд технологон продукци саразыны фæдзæхст, уыдон хъуамæ æмбарой, цавæр фæткмæ гæсгæ сын кусгæ у, уый. Хъæугæ ивæн хæйттæ уадзыны куыстад рапарахат кæнын, стæм хæзна згъæртæ агурыны тыххæй геологосгарæн куыст стынг кæнын хъæуы.
Бæстæйы Президенты ныхасмæ гæсгæ, паддзахад æмæ амалхъомад хъуамæ йæ бавæрæнтæ фæфылдæр кæной наукон бакуыстытæм. Зæгъæм, 2030 азмæ мидæггаг иумæйаг продукты 2 процентмæ схæццæ кæнын. Сæйрагдæр у бавæрæнты ахадындзинад, ацы ран спайда кæнын хъæуы фыдыбæстаг программæты фæлтæрддзинадæй.

Рæзты технологион бындур
Ацы ран дæр алцæйы бындур у наукæ. Уæрæсейы наукæты академийы ахуыргæндтимæ ныхас цыд, Уæрæсе-иу йæ историйы æппæты зын рæстæг дæр йæ къух нæ систа паддзахадæн æппæты хъæугæдæр фарстатыл.

Уæлдæр ахуырадон уагдæттæн æххуыс
Уæлдæр ахуырад… Кампустæ, æмдзæрæнтæ саразынæн федералон бюджетæй хъæудзæн радих кæнын 400 миллиард сомæй фылдæр. Æрыгон ныййарджытæ цы зындзинæдтимæ æмбæлынц, уыдонмæ, лæмбынæг æркæсгæйæ, саразын хъæуы паддзахадон лæггæдты системæ, горæтаг æмæ хъæуккаг инфраструктурæ.
2028 азмæ хъæуы милуаны бæрц кусæг дæсныйæдты специалисттæ бацæттæ кæнын. Уыцы домæн хъуамæ парахатгонд æрцæуа æппæт астæуккаг ахуырадон системæйыл. Хицауадæн регионтимæ иумæ сæрмагондæй фæдзæхсын астæуккаг ахуырады уагдæтты цалцæджы программæ сæххæст кæнын. Æхсæз азы мидæг уымæн федералон бюджетæй уагъд æрцæудзæн 120 миллиард сомы. Афтæ ма уæлæмхасæн радих кæндзыстæм 124 миллиард сомы æмæ сцалцæг кæндзыстæм университеттæ æмæ уæлдæр ахуырадон уагдæттæ.


Кадрты базæ
Уæрæсейы рæзы стыр æрыгон фæлтæр. 2030 азы нæ бæстæйы уыдзæн, 20-24 азы кæуыл цæудзæн, ахæм 8,3 милуан граждæны. Уый у, раздæры азты демографийы рæзтæн цы мадзæлттæ сарæзтам, уыдоны фæстиуæг. Нæ нысан — цæмæй уыцы рæзгæ фæлтæрæй сæ равзæрст дæсныйæдты профессионалтæ рауайа. Уымæ арæзт у ног национ проект «Кадртæ». Хъæуы скъолайæ уæлдæр ахуырадон уагдонмæ бастдзинæдтæ фидар кæнын. Æппæт скъолаты дæр цæуы профориентацион куыст. Сывæллæттæн æхсæзæм къласæй уæлæмæ сæ бон у æппæт дæсныйæдтимæ дæр базонгæ уæвын.
2020 азæй фæстæмæ мызды æппынкъаддæр бæрц сырæзыд 1,5 хатты, 2030 азмæ та хъуамæ схæццæ уа 35 мин соммæ. Уый та, æнæмæнг, фæзындзæн социалон фиддонтæ æмæ бюджетон къабазы кусджыты мыздыл.
Уæрæсе у Европæйы егъаудæр экономикæ æлхæныны хъомысадмæ гæсгæ, фæндзæм та — дунейы. Куыд рæзы, уый нын ныфс дæдты, хæстæгдæр рæстæг ма мах размæ иу санчъех кæй акæндзыстæм — дунейы æппæты егъаудæр экономикæты фыццаг цыппар рæнхъы кæй æрлæудзыстæм. Уый та, æнæмæнг, фæзындзæн алы бинонты æфтийæгты рæзтыл.

Скъолатæ æмæ ахуыргæнджытæн æххуысы тыххæй
2024 азы 1 октябры скъолатæ æмæ колледжты директорты уынаффæгæнджытæ хъомыладон фарстаты уæлæмхасæн исдзысты фæйнæ 5 мин сомы.
100 мин адæймагæй гыццылдæр цæрджытæ кæм ис, уыцы цæрæн бынæтты мартъийæ фæстæмæ дыууæ хатты фæфылдæр уыдзысты къласон разамынд æмæ кураторады тыххæй — 10 мин бæрц.
Путин бахæс кодта регионты бюджетон къабазы кусджыты мызд сæмхуызон кæнын. Пилотон проектты фæлгæты бакусдзысты мызд фидыны ног хуызыл хицæн субъектты, 2026 азы та — æппæт бæстæйы.
Иумæйаг паддзахадон фæлварæн фæхуыздæр кæныныл кусын хъæуы. Рауагъдон фæлварæн куы нæ ратта, уæд ын йæхи фæндонмæ гæсгæ хъуамæ бар уа равзæрст предметæй ногæй Иумæйаг паддзахадон фæлварæн уæлдæр ахуырадон уагдæттæм исæн кампанийы кæронмæ йæ гæххæттытæ раттынæн. Радих кæнын хъæуы 9 миллиард сомæй уæлæмæ педагогон ахуырадон уагдæтты инфраструктурæ сног кæнынæн. Курын хицауадæй 2025 азы бюджетон къабазы кусджытæн мызд фидыны ног хуызыл бакусын, 2026 азы та ацы фарста алыг кæнын æнæхъæн бæстæйæн.
Бюджетон къабазы мызд фидыны системæйыл хъæуы бакусын. Рæстæмбис мызды бæрц регионты фæйнæхуызы у. Уыимæ дохтыр æмæ ахуыргæнæджы куыст алкæмдæр æмхуызон бæрнон у.
Сидын уæм фæсивæдон политикæйы хуыздæр фæлтæрддзинад баиу кæнын æмæ ацы аз ног национ проект «Уæрæсейы фæсивæд» саразын, уый уыдзæн нæ бæстæйы фидæны проект.
Стыр горæттæ рæзынц. Ахуырадон уагдæтты бынæттæ кæм нæ фаг кæны, уыцы горæтты ма уæлæмхасæн сараздзыстæм æппынкъаддæр 150 скъолайы æмæ 100 рæвдауæндонæй фылдæр.
Иннæ азæй фæстæмæ бавналдзыстæм рæвдауæндæттæ цалцæг кæныны программæмæ. Скъолатыл куы дзурæм, уæд 2030 азмæ ацы фарста алыг кæнынмæ регионтæн феххуыс кæндзыстæм. Скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты капиталон цалцæгæн радих кæндзыстæм уæлæмхасæн 400 миллиард сомæй фылдæр.
Нæ къухы бафтыд карз нозт фæныллæгдæр кæнын, уый та хорзæрдæм зыны нæ нацийы æнæниздзинадыл. Хъæуы федералон фæрæзты руаджы регионты саразын 350 спортивон объекты. Уæлæмхасæн уый тыххæй æхсæз азы дæргъы федералон бюджетæй радих кæндзыстæм 65 миллиард сомы бæрц. Скъолатæ, рæвдæуæндæттæ æмæ уæлдæр ахуырадон уагдæтты хъуамæ уа æмбæлгæ уавæртæ спорты хуызтæй архайынмæ.


Адæймаджы цæрыны кар
2030 азмæ адæймаджы цæрыны кар хъуамæ уа 78 азы. Уæлдай æргом аздахын хъæуы хъæууон регионтæм. Уыцы нысан цæмæй æххæстгонд æрцæуа, уымæ арæзт у национ проект «Дæргъвæтин сæрæн цард».
Арфæ ракæнын мæ фæнды, ацæргæ æмæ сахъат адæмæн чи æххуыс кæны, уыцы организацитæн. Æз куыд хъуыды кæнын, афтæмæй 2030 азмæ уыдонмæ цæстдарæг системæйæн фылдæр фæрæзтæ радих кæнын хъæуы, цæмæй фæкæсынхъуаг граждæнтæн хъæугæ æххуыс лæвæрд цæуа.
Ныййарæджы капитал иудадзыг индексацигонд цæуы. Фæдзæхсын уын ацы программæ æппынкъаддæр 2030 азмæ адарддæр кæнын.
Æртыккаг — Уæрæсейы æртæ милуанæй фылдæр ис, æртæ æмæ уымæй фылдæр сабитæ кæм рæзы, ахæм бинонтæ. Ахæм бинонтæ нæ сæрыстырдзинад сты. 2018 азæй фæстæмæ бирæсывæллонджын бинонты нымæц сырæзыд 26,8 проценты.
Ныртæккæ æртыккаг сывæллоны райгуырды фæстæ ипотекон кредиты æртыккаг хай, 450 мин сомы, æхгæд æрцæуы. Фæдзæхсын уыцы мадзал дæр 2030 азмæ адарддæр кæнын, уый тыххæй нæм æхца ис.
Бинонты ипотекæйы программæ кусдзæн июльмæ. Фæдзæхсын æй 2030 азмæ адарддæр кæнын.
Фарон Уæрæсейы арæзт æрцыд 110 милуан квадратон метры цæрæнуæттæ. Милуанггай адæймæгтæ сæ цæрæнуаты уавæртæ фæхуыздæр кодтой.
Уæрæсейы регионтæ федералон программæтæй уæлдай уæлæмхасæн ахæм бинонтæн сæхи æххуысы мадзæлттæ дæр аразынц.
Уæлæмхасæн æххуыс раттын хъæуы, Уæрæсейы рæстæмбис нымадæй сывæллæттæ гыццылдæр кæм гуыры, уыцы регионтæн — уыдон та сты 39 субъекты. Æхцайы фæрæзтæ сын дæттын райдайдзыстæм иннæ азæй фæстæмæ.


Национ проект «Бинонтæ»
Ацы ран мæ ныхас райдайдзынæн, ахсджиагдæр нæм цы фарстатæ сты, уыдонæн сæ иуæй — бирæсывæллонджын бинонтæн се ‘фтиæгтæ гыццыл кæй сты, уымæй…
Ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бынтон мæгуыр цард чи кодта, уыцы адæмы нымæц фæкъаддæр, ныртæккæ сты 13 милуан адæймаджы. Фæлæ уый дæр гыццыл нымæц нæу. Ацы фарстамæ иудадзыг дæр нæ цæст дарæм. 2023 азы 1 январæй фидаргонд æрцыд æрвылмæйон бафыст. Ивгъуыд аз æй истой 11 милуан адæймагæй фылдæр. Фæхуымæтæгдæр кодтам социалон бадзырд бафыссыны уагæвæрдтæ æмæ, йæ райсын къухы æнцондæрæй цæмæй æфта, ууыл архайдзыстæм. Хъуыддаг домы фылдæр хæрдзтæ — иу-100 миллиард сомы бæрц, æмæ уымæн æхца ис.
Мæгуырдзинады фарста раздæрау у карз. Ныртæккæ уый тыхсын кæны бинонты 9 проценты, бирæсывæллонджын бинонты ‘хсæн та мæгуырдзинады æмвæзад у 30 проценты. Бацархайын хъæуы ууыл, цæмæй 2030 азмæ уыцы æмвæзад фæныллæгдæр уа æмæ æрхауа 7 процентмæ, бирæсывæллонджын бинонты ‘хсæн та — 12 процентмæ. Ацы къабазы цы мадзæлттæ арæзт цæуы, уыдонæн сæ пайда хъуамæ уа иттæг бæрæг, æмæ уый у сæйраг.
Демографийыл ахадынц канд экономикæ æмæ социалон къабаз нæ, фæлæ хицаудзинады æппæт оргæнты иумæйаг куыст дæр. Сывæллонджын бинонтæн æххуыс кæнын — уымæй ахсджиагдæр хъуыддаг падддзахадæн нæй. Нæ адæмæн се ‘ргом хъуамæ раздахæм бирæ цот кæнынмæ, æмæ сæ алы фарста лыг кæнынмæ дæр сæ фарсмæ хъуамæ балæууæм. Сывæллæттæ нæм фылдæр куыд гуыра, уыцы хъуыддаг нæ къухы хъуамæ бафта хæстæгдæр æхсæз азмæ. Æмæ уыцы нысанæн æппæт мадзæлттæ дæр араздзыстæм.
Равдыст «Уæрæсе»-йы йæ цыд райдыдта Бинонты аз. Бинонты сæйраг нысан — цот кæнын, сывæллæтты хъомыл кæнын, иу фæлтæр иннæйы куыд ива, уымæн ахъаз кæнын. Уæрæсейы алкæддæр фидар уыдысты æмæ дарддæр дæр фидар уыдзысты фæткон хæзнатæ, уыдоны бындурыл арæзт цæуы адæмы цард æмæ сæ фидæн. Æмæ ацы ран нæ фарсмæ сты æмæ уыцы хъуыдыйыл хæст сты милуангай адæймæгтæ.

Уырыссаг æвзаг æмæ культурæ
Хæдбар Паддзахæдты Æмхæларады тыгъдады æмæ æппæт дунейы дæр уырыссаг æвзаг æмæ культурæйы ном бæрзонд сисыны тыххæй нæ бæстæйы Хицауадæй курæг дæн, цæмæй финансон æгъдауæй хъуыддагæн æххуыс кæной. Уæрæсейæн ис рагон æмæ фидар бастдзинæдтæ араббаг паддзахæдтимæ. Уыдон сæхæдæг сты хицæн цымыдисаг цивилизаци. Æмæ нæ бастдзинæдтæ азæй-азмæ кæнынц фидардæр. Хæлар цæстæй нæм чи кæсы, уыцы бæстæтимæ дæр нын бастдзинæдтæ цæмæй фæзына, ууыл дæр архайдзыстæм. Не ‘мбæллтимæ æмархайд кæнæм, алкæмæн дæр йæ бартæ æмхуызон куыд уой, уыцы бындуртыл. Организацитæ БРИКС æмæ ШОС-ы уæнгты цы паддзахадтæ сты, уыдонæн сæ нымæц кæны фылдæр. Уæрæсе архайы сæ тыхтæ баиу кæныныл. БРИКС-ы чи ис, уыцы бæстæтæй 2028 азы аразгæ уыдзæн æппæт дунейы дæр мидбæстон иумæйаг продукты 37 проценты. G7, зæгъгæ, ацы къорды цы авд паддзахады ис, уыдоны бæрæггæнæн та 28 процентæй дæр фæкъаддæр уыдзæн. Уый у царды рæстдзинад.

Æдасдзинады  ног мадзæлттæ
Æнæ фидар æмæ хæдбар Уæрæсейæ дунейы не уыдзæн нæдæр сабырдзинад, нæдæр нывылдзинад. АИШ-ы архайдæй хæлд æрцыд европæйаг æдасдзинады системæ. Расизмы ацы идеологи, æз дæуæй хуыздæр дæн, зæгъгæ, стæй, Уæрæсемæ æнæуынондзинад Америкæйы бакуырм кодта. Йæ контингенттæ нын нæ зæххытæм чи æрвыста, уыдоны хъысмæт рох нырма нæу. Фæлæ нæм ныр чи бауæнда, уыдонæн сæ фæстиуджытæ уыдзысты ноджы кæуинаг æмæ сагъæссагдæр. Сæ нысантæ сын чи фехала, ахæм хæцæнгарз нæм ис.
Хæстæг Скæсæны, дунейы иннæ рæтты дæр хæстон быцæутæ ракъахæг, адæмæн мæнг ныхæстæгæнаг у Ныгуылæн, æмæ йæм æргом аздахын хъæуы. Гадзрахатæй цæуын ныл кæй хъавы, уый æмбарæм, уымæ гæсгæ хъæуы æфсæддон-промышленнон комплекс парахат кæнын, уæрæсейы наукон æмæ промышленнон хъомыс фылдæр кæнын, аккаг ныхкъуырд раттынмæ иттæг цæттæ чи уа, æхæм Гæрзифтонг тыхтæ саразын, æфсад æмæ флот алцæмæйдæр хæрзцæттæ куыд уой, ууыл бакусын.
Стратегион фарстаты фæдыл АИШ-имæ ныхас кæнынмæ Уæрæсе у цæттæ. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ сæ, иуæрдыгæй немæ ныхас кæнын фæнды, иннæрдыгæй та ныл стратеогион æгъдауæй хæсты быдыры фæуæлахиз уой, уыцы фæндтæ уæддæр нæ уадзынц.
2028 азы ныстуаны хæцæнгæрзты тыххæй кæй загътон æмæ цы пълан кодтам, уыдон ныридæгæн къухы бафтыдысты, иуæй-иу ран та куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Афтæ, комплекс «Кинжал»-æй абон пайдагонд цæуы сæрмагонд æфсæддон операцийы, «Циркон» дæр æрлæууыд хæстон хæцæнгæрзты рæнхъыты. Хæстон рад хæссынц, иттæг хорз бæрæггæнæнтæ чи равдыста, уыцы комплекстæ: «Авангард», «Пересвет» æмæ “Сæрмæт». Хæстæг рæстæг уый дæр йæхи равдисдзæн.
Хæст Донбассы мах нæ райдыдтам. Нæ Гæрзифтонг тыхтæн сæ хъарутæ фæфылдæр сты цалдæр хатты. Нæ хъæбатыр æфсæддонтæ разæнгардæй цæуынц размæ æмæ знагæй исынц ног æмæ ног зæххытæ. Не ‘фсæддонтæм фæзынд æгæрон стыр хæстон фæлтæрддзинад. Хæстон цауты бахсыстысты дæсны командæгæнджыты ног фæлтæртæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, нырма нæм ис фарстатæ дæр, уынæм сæ, æмæ сыл дарддæр куыд архайгæ у, уый зонæм. Нæ бæстæйы хæдбардздинадыл, йæ сæрибарыл, нæ иудзинадыл абон хæсты быдыры хъæбатырæй чи хæцы, уыдон сты æцæг хъайтартæ æмæ сын арфæ кæнын се ‘ппæтæн дæр. Абон не ‘хсæн чи нал ис, хъæбатырæй чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ та лæугæйæ ссарæм.
Ныгуылæйнаг бæстæтæ архайынц Уæрæсейæн йæ размæцыды фæндагыл цæлхдуртæ æвæрыныл. Тыхджын Уæрæсе сæ нæ хъæуы, фæлæ, цард кæм банымæг, ахæм гом æмæ бæгънæг зæххытæ, æндæр бæстæты сын куыд бантыст, афтæ. Фæлæ Уæрæсеимæ уый сæ къухы никуы бафтдзæн.

Нæ тых — нæ иудзинады
Уæрæсейы политикон системæ у нæ бæстæйы хæдбардзинады астæуккаг цæджындзтæй иу, æмæ демократийы институттæ парахат кæныныл дарддæр дæр кусдзыстæм. Нæ хъуыддæгтæм ныхилыны бар никæмæн ратдзыстæм.
Ныртæккæ акъоппыты чи ис, хæсты быдыры знагимæ чи хæцы, нæ уыцы хъæбатыртæ зонынц, æппæт Уæрæсе дæр семæ кæй ис, уый. Аккаг аргъ кæнын «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фондæн æмæ хицаудзинады оргæнтæй курæг дæн, цæмæй нæ хъæбатырты бинонтæн уа иудадзыг æххуыс.
Куыстуæтты нæ фæллойгæнджытæ кусынц æртыгай радæй, фронт цас домы, уый бæрц. Арфæ кæнын уыдонæн дæр, хъæууон хæдзарады кусджытæн дæр. Адæм фронтмæ æрвитынц фыстæджытæ, дзаума, æхца, се ‘фтиаг афтæ бирæ кæд нæу, уæддæр. Ахæм æххуысæн аргъ нæй. Уый у нæ иумæйаг уæлахизмæ бавæрæн. Нæ тыхтæ куы баиу кæнæм, уæд алцыдæр нæ къухы бафтдзæн.

Æрмæг бацæттæ кодтой
Бутаты Эльзæ,
Гапбаты Алетæ,
Дедегкаты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here