Иудадзыг æмгуыстады фæрцы

0
83

Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвары хæдивæг Цæгат Кавказы федералон зылды Владимир Надыктойы разамындæй арæзт æрцыд, артаг æмæ энергетикæйы комплексы уавæр æмæ рæзты фарстатыл ныхас кæм цыд, ахæм æмбырд. Архайдта дзы РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.

Æмбырды дзырдтой, Цæгат Кавказы федералон зылды субъекттæ æмæ муниципалон скондтæ электрон тых, хъармгæнæн энерги æмæ æрдзон газæн фæлхасгæнджытæн цы æхца дæттынц, уыдоны фиддонтæ афойнадыл фидыны фæтк фæбæрзонддæр кæныныл. Æркастысты, бюджетæй цы хъæуы, уыцы фæрæзтæ æххæстæй дæттыны, хæстæ афойнадыл фидыны, стæй лæггæдты хæрзхъæддзинады фарстатæм.
Владимир Надыкто æмбырды архайджытæн бамбарын кодта, бюджетон системæйы æппæт къæпхæнты фæлхасгæнджытæ дæр хъуамæ иннæтæн дæнцæг кæй уой сæ фиддонтæ фидыны хъуыддаджы фæрæзтæдæттæг организацитæн.
Цæгат Кавказы федералон зылды субъектты минæвæрттæй алчидæр радзырдта, уавæр куыд у бынæтты, уый тыххæй. Дзанайты Барис загъта, стыр æргом здæхт кæй цæуы афойнадыл фидыны фарстамæ, уæлдайдæр та — республикæ æмæ муниципалон скондты бюджеттæй æхцайы фæрæзтæ уагъд кæмæн цæуы, уыцы организацитæм.
Владимир Надыкто бахахх кодта, Цæгат Ирыстоны разамынд ацы хъуыддагыл иудадзыг ахадгæ архайд кæй кæнынц.
Æнæххæст бæрнондзинады организаци «Газпром межрегионгаз»-ы генералон директоры хæдивæг Юрий Пахомовский йæхи рады фæбæлвырд кодта, нæ республикæ æмæ муниципалон скондты бюджеттæй æхцайы фæрæзтæ уагъд кæмæн цæуы, уыцы организацитимæ æнæсцухæй фиддонтæ æмбырд кæныны куыст кæй цæуы.
— 2023 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æрдзон газы фиддонтæ 100 процентæй бафыстам, электрон тыхæн та — 98 проценты бæрц. Фæбæлвырд кæнын ма мæ фæнды, ивгъуыд азы бæрæггæнæнтæ бахыгътам æмæ 2024 азмæ æнæхæсæй бахызтыстæм, бафыстам нæ хæстæ 100 процентæй. Ацы аз дæр нæ размæ æвæрæм ахæм хæс. Иудадзыг æмгуыст кæнæм «Газпром межрегионгаз» æмæ «Россети»-йы минæвæрттимæ, цæмæй фиддонты фæтк хæлд ма цæуа, ууыл. Ацы хъуыддагыл æнæсцухæй кæй архайæм, уый нын ныфс дæтты, республикæ бюджетон организацитæн лæвæрд энергетикон фæрæзты фиддонтæ афойнадыл бафидыны химæрайст хæстæ æнтыстджынæй кæй сæххæст кæндзæн. Фарстамæ йæ цæст дары республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, — бахахх кодта Хицауады Сæрдар.
Дзанайты Барис ма радзырдта, Цæгат Ирыстоны энергетикæ æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æнæцудгæ экономикон рæзты пилотон проекты фæлгæты цы куыст цæуы, уый тыххæй. Республикæ цæмæй ацы проекты архайа, уый тыххæй уынаффæ рахаста Уæрæсейы Хицауад.
Ныридæгæн уал регионы арæзт æрцыд иугонд нымайæн информацион центр, нысангонд æрцыд донæй æфсадыны æмæ донуадзыны регионалон оператор. Пилотон программæйыл дзуапдæтджытæн хæсгонд æрцыд фиддонтæ æмбырд кæныны вазыгджын фарстатæ. Уымæй уæлдай ма адæмæн экономикон æгъдауæй æмбæлгæ фиддон фидаргонд æрцыд, тарифты ‘хсæн цы хъауджы ис, уый та æхгæд цæуы федералон æмæ регионалон бюджетты субсидитæй. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.

Гапбаты Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here