Æххуысы ног мадзæлттæ

0
213

Сæрмагонд æфсæддон операцийы фæдыл кусæг къорды уæнгтæ бæстæйы Президентæн радон раныхасы бавдыстой сæрмагонд операцийы архайджытæн, сæ бинойнæгтæ, бархионтæ æмæ æнæпилон тæхæн аппаратаразджытæн æххуысы ног мадзæлттæ.

Ацы мадзæлттыл дзурæг амынд къорды уæнгтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ сæ бинойнæгты хъуыдытæ бахыгътой.
— Зæгъæм, кусæг къорды уæнгтæ хæссынц ахæм фæндæттæ: лæвар пайдакæнынады бадзырдтæм гæсгæ гæххæттытæ кæмæн сарæзтæуыд, ахæм «дардскæсæйнаг» æмæ «арктикон» гектарты фæдыл сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бартæ бахъахъхъæнынæн фадæттæ саразыны фæндон; сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг архайджыты сахъат сывæллæттæ уыцы иу рæстæг дыууæ пенсийы — сахъатдзинад (ныртæккæ — «кæнæ/кæнæ») — цæмæй исой, уымæн зæрдæдарæнтæ саразыны фæндон; сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты ныййарджытæн æххуысы регионалон мадзæлттæ фидар кæныны заман сæрмагонд операцийы архайджыты регистрацийы бынат ма нымайыны фæндон (æфсæддон хæс æххæстгæнæг æмæ йæ бинойнæгтæ алыхуызон регионты регистрацигонд куы вæййынц, уæд зындзинæдтæ сæвзæрынц), — загъта кусæг къорды разамонæг, политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Генералон советы нымæрдар Андрей Турчак.
Уымæй уæлдай, бахастæуыд, фæдзæхстадон зæрдæдарæнтæ бархионтыл куыд æххæссынц, афтæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы кусæг рагон конфесситы динамонджытыл дæр цæмæй аххæссой, уымæн фадæттæ саразыны фæндон (фæцæфуæвджытæн — 3 милуан сомы, фæмардуæвджытæн та — 5 милуан сомы).
Кусæг къорды уæнгтæ æнæпилот тæхæн аппаратаразджытæн рахаста уæлæмхсаæн аргъы хъалон аивыны фæндаг, граждайнаг хæдтæхджытæн куыд у, афтæ.
— Хæссæм куыстмæ, хæстон архайды æнæкуыстхъомты исыны рæстæг куыстдæтджытæн фæдзæхстадон фиддонты бæрц фæкъаддæр кæныны æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы æппынкъаддæр афæдзы æрдæг чи фæци, фæстæдæр æрсидтмæ гæсгæ æфсæддон службæ кæнынæй уыцы бархионты суæгъд кæныны фæндæттæ, — зæгъы Андрей Турчак.
«Иугонд Уæрæсе»-йы Генсоветы нымæрдар куыд бафиппайдта, афтæмæй бахастæуыд тæлæтгонд æхсæнгæрзтæ райхалыны нæ, фæлæ сæ сæрмагонд æфсæддон операцийы домæнтæн раттыны фæндон.
Афæдзы райдианæй нырмæ цавæр закъонæвæрынадон куыст цыдис, уый тыххæй дæр радзырдта.
— Ацы азы дыууæ мæймæ, бæстæйы Президенты бардзырдмæ гæсгæ, Паддзахадон Думæмæ барвыстам сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг æмæ æбæрæгæй фесæфæг архайджыты æцæг бинонты барты хъахъхъæнынады тыххæй закъоны проект. Уымæй уæлдай, закъонæвæрынадон оргæнмæ барвыстам ахæм закъонты проекттæ: фæмардуæвæг æфсæддон хæс æххæстгæнджыты нæрайгуырæг сывæллæтты паддзахадон фæдзæхстады фæдыл пайдаисджыты номхыгъды хынцыны тыххæй закъоны проект; цæрæнуаты бынатмæ гæсгæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты регистрацийæн гæххæттытæ æууæнчы гæххæтмæ гæсгæ аразыны фæдыл сæрмагонд операцийы архайджыты бинойнæгты бары тыххæй закъоны проект; фронты домæнтæн кæй дæттынц, уыцы исбоны регистрацийы тыххæй паддзахадон фиддон аивыны тыххæй закъоны проект, — бафиппайдта Андрей Турчак.
Раныхас куыд амоны, афтæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы фæцæфуæвæг архайæджы бинойнæгтæн хи хардзæй уæлæмхасæн отпусчы бары æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй хæстон архайды ветерантæн иурæстæгон фиддонтæ æнæ курдиатæй сæвæрыны тыххæй закъонты проекттæ, стæй ма ноджыдæр цалдæр фæндоны барвыстой Хицауадмæ хатдзæгтæ сын скæнынмæ.

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here