Ныхас — сывæллæтты фæлладуадзæн рæстæгыл

0
337

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ сарæзта Цæгат Ирыстоны сывæллæтты фæлладуагъды, сæ уæгъд рæстæг сын куысты бынæттæ ссарыны фарстатыл дзуапдæттæг ведомствæты ‘хсæн кусæг къамисы æмбырд.

РЦИ-Аланийы Куысты æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ивгъуыд азы республикæйы бюджеты сывæллæтты æнæниздзинад фидардæр кæныны тыххæй æвæрд уыдис 222 милуан сомы. Æдæппæтæй фæлладуадзæн организацитæм афæдзы мидæг æрвыст æрцыд 36,3 мин адæймаджы, уыдонимæ — 19 мин сывæллоны сæрды мæйты сæ фæллад суагътой. Ацы хъуыддаджы фыццаг рады цæстдард уыдис, зын уавæры чи бахауд, ахæм сабитæм — æнæ ныййарджытæй чи баззад, йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ йæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, бирæсывæллонджын æмæ фæкæсинаг бинонты сывæллæттæм. Арæзтой сын тематикон радтæ, алыхуызон хъомыладон, культурон мадзæлттæ.
Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой ацы азы фæлладуадзæн кампанийы фарстатыл. Фæлладуадзæн æмæ æнæниздзинад фидаргæнæн лагерты сæ рæстæг пайдаджынæй арвитдзысты 36 мин сабийы. Уыцы хъуыддагæн уагъд сын æрцæудзæн 238 милуан сомы. Сæрмагондæй æркастысты уыцы уагдæтты æдасдзинады фарстамæ. Барадхъахъхъæнæг æмæ цæстдарæг оргæнты размæ цы хæстæ лæууы, уый тыххæй сæ хъуыдытæ загътой республикæйы Мидхъуыддæгты, Æнæнхъæлæджы цауты министрадты æмæ «Роспотребнадзор»-ы минæвæрттæ.
Платы Альбинæ бахæс кодта дзуапдæттæг бæрнон кусджытæн терроризмы ныхмæ æмæ æдасдзинады тыххæй æппæт мадзæлттæ дæр саразын. Уымæй уæлдай ма стыр æргом здæхт цæудзæн сывæллæтты фæлладуадзæн бынæттæм, стæй сæ улæфты рæстæг æдасдзинады фарстатæм.

Гапбаты  Алетæ

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here