РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло «Креативон индустрийы рæзты фонд»-ы фæлгæсæн советæн скодта æмбырд. Архайдтой дзы хицауады оргæнты минæвæрттæ.
Креативон индустрийы рæзты концепци республикæйы фæзынд фарон мартъийы. Цæгат Кавказы федералон зылды гæххæтт фыццагдæр райстой Ирыстоны. Закъонæвæрынадон æмвæзады йæ сфидар кодтой, уый фæстæ фæзынд фонд дæр.
Йæ нысан у 2030 азмæ Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты стратеги царды уадзынæн бæлвырд фадæттæ саразын. Фонд фæахъаз уыдзæн сфæлдыстадон индустри саразынæн, кусынæн, сæ фæрцы хъуамæ экономикæ æмæ социалон къабаз райрæзой. Креативон экономикæйы 16 рахæцæны нырмæ кусын райдыдтой.
Æмбырды куыд загътой, афтæмæй регионы фæтыхджындæр кæнынмæ хъавынц креативон амалхъомады архайд, культурон форумтæ аразын, Уæрæсейы æппæт субъекттимæ культурон бастдзинæдтæ сфидар кæнын.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ














