Ног цæрæнуæттæм раивдзысты

0
216

Фыццаградон национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæтаг алфамбылай»-ы уагæвæрдмæ гæсгæ Беслæны арæзт æрцыд 95-фатерон бирæуæладзыгон хæдзар. Уыцы хæдзармæ сæ раздæры кæлæддзаг бæстыхæйттæй раивдзысты 88 адæймаджы.

Ног хæдзар арæзт æрцыд Фрийы-фырты уынджы. Рагагъоммæ куыд нысангонд уыд, афтæмæй ног хæдзары фатерты иу хайы хицæуттæ суыдзысты, ныронг Ленины, Интернационалон æмæ Заводы уынджы кæлæддзаг агъуыстыты чи цард, уыцы бинонтæ.
Уыимæ, ног фатертæ ныридæгæн сты æрцæрынæввонг. Уымæй уæлдай, подрядон организацийы минæвæрттæ бакуыстой хæдзары алыварс фæлгонцадыл дæр. Зæгъæм, кæрты фæзындысты хъазæн æмæ спортивон фæзтæ, стæй хæдтулгæтæн æрлæууæн бынæттæ…
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, республикæ 2023 азы ахадгæ куыст бакодта адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнуæттæм ивыны программæйыл. Æмткæй райсгæйæ, 2019 азæй нырмæ кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæнуæттæм раивтой 1,4 мин адæймагæй фылдæр.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here