Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн – паддзахадон æххуыс

0
290

Ивгъуыд аз апрелы æртыккаг бон Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир ПУТИНЫ Указмæ гæсгæ арæзт æрцыд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы паддзахадон фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ». Йæ дæлхайæдты июны мæй кусын райдыдтой Уæрæсейы Федерацийы 89 регионы, уыдонимæ – Цæгат Ирыстоны, Дзæуджыхъæуы дæр. Æрбынат кодта Дзанайы-фырты уынджы 69-æм хæдзары.

Афæдз дæр æххæстæй цы паддзахадон æххуысы организаци нæма кусы, уымæн цы сты йæ сæйраг хæстæ æмæ нысантæ? Куыд сæ æххæст кæнынц, цы сын бантыст æмæ дарддæр куыд кусдзысты, сæ архайд куыд аразынц, цæмæй æххуыс кæндзысты æмæ кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æмæ сæ бинонтæн? Уыдæттæ бæлвырддæр базоныны фæдыл фембæлдыстæм паддзахадон æххуысы фонд «Фыдыбæс-тæ хъахъхъæнджытæ»-йы Цæгат Ирыстоны филиалы разамонæг Хетæгкаты Маринæимæ.
Уый нын куыд радзырдта, афтæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архай-джытæ æмæ сæ бинонтæн æххуысы нысантæ сты алывæрсыг. Арæзт сты уымæ, цæмæй, сæрмагонд æфсæддон операцийы архай-джытæй сæ хæдзæрттæм чи сыздæха, уыдон цæмæйдæриддæр тыхсынц, уыцы хъуыддæгтæ аразынæн сын цæуа паддзахадон æххуыс. Бæлвырддæр та ам райсынц медицинон æмæ рæстæгмæ базилыны, лæвар юридикон æххуыстæ, документтæ сног кæныны æмæ саразыны хъуыддаджы, социалон æххуысы, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ сæнусон кæныны хъуыддаджы, спорты, паралимпион змæлды, культурон-фæлладуа-дзæн архайды.
Кæд афæдз дæр æххæс-тæй нæма кусынц, уæддæр сын бантыст 2500 адæймагæй фылдæрæн баххуыс кæнын.
Паддзахадон фондæн республикæйы алы районы дæр ис социалон координатортæ. Уыдон иуда-дзыг бастдзинад дарынц, сæрмагонд операцийы йæ æнæниздзинад хъыгдард кæмæн баййæфта, уыдонимæ, кæнынц сын паддзахадон æххуыс сæхицæн дæр æмæ сæ бинонтæн дæр.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард вæййы, уый бинонтæм, æнæмæнг, бацæуы районы социалон координатор. Вæййы афтæ, æмæ бинонты сæ тыхстæй уымæ нæ февдæлы. Уæд ын бамбарын кæнынц, фæстæдæр нæм æрбацу, зæгъгæ. Æмæ та сæ бабæрæг кæны, кæдмæ йын фæзæгъынц, уыцы бон. Уый базоны бинонты царды уавæртæ, сæ тыхстытæ, сæ лыггæнинаг фарстатæ. Æмæ дарддæр, иудадзыгдæр сæ фарсмæ уæвгæйæ, фæархайы сæ лыггæнинаг фарс-татæ райхалыныл. Фондмæ сæйрагдæр æрбацæуынц фиддонты фæдыл. Вæййы афтæ, æмæ лæг æмæ усы ’хсæн къайад фидаргонд нæ вæййы. Уыцы хъуыддаг æвзæрын кæны зын-дзинæдтæ, тыхстытæ. Ахæм уавæры сын лæвар барадон æххуыс бакæнынц юристтæ. Йе ’нæниздзинад хъыгдард кæмæн æрцæуы, уыдонæй алкæмæдæр ис æххуысы сертификаттæ æмæ сын зынаргъдæр, хуыздæр протезтæ аразынæн æхца куы нæ фæфаг кæны, уæддæр сын фонды хардзæй баххуыс кæнынц. Зæгъæм, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Токаты Артур æрбацыд фондмæ, цæмæй йын баххуыс кæной, йæ бон кусын кæм бауыдзæн, ахæм дæсныйад райсынæн. Медицинон фарстаты координатор бафиппайдта, лæппу къуылых кæй цæуы. Æркасти йæм, федта йын йæ къахы протез. Æмæ йын загъта, ныртæккæ кæй фæзынд ногдæр, хуыздæр протезтæ æмæ йæ сæ бон кæй у Мæскуымæ арвитын, цæмæй йын ног протез саразой. Артур нын йæхæдæг куыд радзырдта, уымæ гæсгæ йын ссардтой бынат, бафыстой йын фæндаггаг, лæвар ын сарæзтой ахæм протез, æмæ цæугæ-цæуын бæрæг дæр нæ дары, протез ыл ис, уый. Фонды баныхас кодтой æмæ, куы сыздæха, уæд цыбыр ахуырты рæстæджы фæстæ райсдзæн хъахъхъæнæ-
джы æвдисæндар, æмæ йын куыст дæр бацагурдзысты.
Артур бирæ арфæйы ныхæстæ загъта фонды æппæт кусджыты, уæлдайдæр та йæ координатор Хуыгаты Полинæйы тыххæй.
Къахы протез сæвæрыны тыххæй ма Мæскуымæ арвыстой 1-аг къорды æнæкуыстхъом Адам Хадзиевы, йæ фæстæ та ацæудзæн 1-аг къорды иннæ уæнгхъуаг Цхуырбаты Зауырбег, инвалиды коляскæ балхæдтой 1-аг къорды æнæкуыстхъом Валерий Васильевæн.
Фонды æххуысæй нæмгуыты схъистæй фервæзт Бестауты Сæрмæт, æмæ йын йæ зæвæтæн операци скодтой Куыдзаты Хъазбе-джы центры, ам ма операци скодтой æфсæддон Виктор Пестуновæн дæр.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, æмæ дзы чи фæмард, уыдоны бинонтæн, алывæрсыг æххуысæй уæлдай, фонд кæны медицинон æххуыстæ дæр.
Фонды архайджытæй рох не сты, æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны бинонтæ дæр. Рамзан Салимовы фыд Азамжон æрвыст æрцыд реабилитаци кæнынмæ геронтологикон центрмæ, Заурбек Бабатовы мад Ираузат Уматхановайæн Беслæны медицинон центры баивтой йæ къахы æрхæг.
Æфсæддон операцийы мобилизацийы уавæры чи архайдта, уыдонæй иу, Текъойты Станислав, сахъат баййæфта йæ астæуы стæгæй. Мызуйраг лæппуйы фондмæ æрбарвыста Алагиры районы координатор, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг, хæсты ветеран Магкæты Олег. Станиславы куы бафарстон фонды архайджыты зæрдæйы ахастæй, уæд мын радзырдта, Алагиры æмæ йыл Дзæуджыхъъæуы дæр фонды кусджытæ куыд фæлмæн, аудгæ зæрдæйы уагæй æмбæлдысты, уый тыххæй.
– Адæймагæй йæ низтæ дæр æрбайрох вæййынц сæ фæлмæн ныхас æмæ сæ аудынæй, – загъта Станислав.
Цы координатормæ фидаргонд æрцыд, уый, Цыбырты Лянæ, куыд бамбарын кодта, афтæмæй йын пенси снысан кæныны тыххæй цыдæриддæр гæххæттæ хъæуы, уыдон кæй бацæттæ кæндзысты, рады лæууын æй кæй никуы бахъæудзæн, æнæ ракæ-бакæйæ, æнæ уæлдай тыхстæй йæ хъуыддæгтæ арæзт кæй æрцæудзыс-ты. Тыхст æмæ хæстæфхæрд адæмыл зæрдиагæй чи ауды, уæлдай тыхст сæ чи нæ уадзы, фонды уыцы кусджытæ сæрмагонд цæттæдзинад кæй райстой, уый зыны сæ алкæй сныхас, сæ алы фезмæлдæй дæр.
Хетæгкаты Маринæ куыд зæгъы, афтæмæй сæ сæйраг архайд райдайдзæн, сæрмагонд æфсæддон операци куы фæуа, æмæ йæ архайджытæ сабыр цардмæ куы раздæхой, уæд.

Касаты Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here