Хæрзмыггаг картоф – фагæй фылдæр

0
269

Мартъийы Уæрæсейы банк «Регионалон экономикæ» цы раныхас скодта, уым загъд ис, Уæрæсейы Хуссары субъектты селекцион центртæ сæрæнæй кæй архайынц, раздæр фæсарæнтæй кæй æлхæдтой, уыцы хæрзмыггаг картоф хи мыггагæй баивыныл.

Цæгат Ирыстоны куыст-уæттæ дæр картофы иттæг хорз мыггаджы кондад фæфылдæр кодтой. Зæгъæм, ам афæдзæй фылдæр кусы хæрзмыггаг картоф уадзыны Европæйы стырдæр центр. Комплекс арæзт у æнæххæст барджын организаци «Фат-Агро»-йы бындурыл. Фарон дзы уагъд æрцыд 449 тоннæйы, «элитæ» кæй хонынц, ахæм категорийы мыггаг. Ацы аз куыстуат снысан кодта æхсæз мин тоннæйы райсын, 2027 азмæ та – 40 мин тоннæйы. Уый та ратдзæн фадат, Уæрæсейы базарады цы хæрзмыггаг картоф хъæуы, уымæн йæ фæндзæймаг хай сæхгæнынæн. Уымæй уæлдай ма ам æрзайын кæнынц 5 милуан мини-губаты æмæ иу мил-уан – микрозайæгойтæ.
Куыстуатæн йæ бон у хъæугæ æрмæг æрмæст Уæрæсейы фаг уадзын нæ, фæлæ ма нæ дыууæ-æртæ хæлар паддзахадæн дæр раттын. Лыггонд æрцыд мыггаг ныссадзынæн фæзуæттæ нæ фаг кæныны фарста дæр – æмгуыстад сарæзта нæ бæстæйы Цæгаты 12 регионы фермерон хæ-дзарæдтимæ, æмæ ныр кампанийы æмбæлттæ зайын кæнынц «элитæ».

Гапбаты Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here