Æрдзон фæрæзтæ бахъахъхъæнын – сæйраг нысан

0
234

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис цы æмбырд сарæзта, уым æркастысты паддзахадон автономон куыстуат «Аланиялес» æмæ паддзахадон бюджетон куыстуат «Беркут»-ы архайдмæ. Ныхас цыди регионы экологион æдасдзинад æмæ национ проект «Экологи» сæххæст кæныны мадзæлттыл.

Дзанайты Барис бафиппайдта Цæгат Ирыстоны æрдз бахъахъхъæныны ахадындзинад.
– Паддзахадон æмæ национ проект «Экологи»-йы фæлгæты республикæйы бирæ мадзæлттæ арæзт цæуынц æрдз бахъахъхъæныны, бæлвырддæр зæгъгæйæ, зынгсирвæзтытæ дзы не ‘руадзын æмæ сæ ахуыссыны, хъæдты цы сырдтæ æмæ цæрæгойтæ ис, уыдон æмæ цæугæдæтты биофæрæзтæ бахъахъхъæныны тыххæй. Абон, къæрцхъус уæвгæйæ, æрдз хъахъхъæнынады закъонхалджытæн хъæуы фидар ныхкъуырд дæттын. Уыцы куыст æнтыстджынæй æххæст кæны Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрад йæ дæлхайæдтимæ. Нæ сæйраг хæстæй иу у респуб-ликæйы экологион уавæр февзæрдæр кæнын не ‘руадзын, – загъта Хица-уады Сæрдар.
Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Бæззаты Вадим æмбырды архайджыты размæ рахаста, ивгъуыд аз ацы ахсджиаг хъуыддаджы ведомствæйæн йæ къухы цы бæрæггæнæнтæ бафтыд æмæ сæм ныртæккæ цы пълæнттæ ис, уыдон.
Республикæйы Хицауады æххуысæй цы фарстатæ алыг кæнын хъæуы, уый тыххæй радзырдтой «Аланиялес» æмæ «Беркут»-ы разамонджытæ Хъесаты Игорь æмæ Дзгойты Сергей.
Паддзахадон автономон куыстуат «Аланиялес» у Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады, дæлхайад. Йæ куысты сæйраг нысан у хъæдты зынгсирвæзтытæ ма ‘руадзын æмæ сæ ба-хъахъхъæнын, Уæрæсейы Федерацийы хъæды фонды фæрæзтæ республикæйы фæзуаты ногæй рацаразын. Æмбырды куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй федералон проект «Хъæдтæ бахъахъхъæнын» æмæ национ проект «Экологи»-йы руаджы 2023 азы Цæгат Ирыстоны хъæдты фæзуат фæфылдæр 146 гектары. Уыдонæй 98 гектары фæз-уатыл куыстытæ сæххæст кодта «Аланиялес».
Уымæй уæлдай ма, специалисттæ куыд загътой, афтæмæй фæстаг къорд азы республикæйы хъæды фонды иу зынгсирвæзт дæр не ‘руагътой, æмæ уым дæр ис «Аланиялес»-ы кусджыты стыр бавæрæн. Куыстуат иудадзыг йæ цæст дары зынгсирвæзтытæ не ‘руадзынмæ. Зæ-гъын ма хъæуы уый дæр, æмæ ам 2019 азы цы хъæды питомник сарæзтой, уый регионы хъæутæ æмæ сахартæн дæтты цъæх фæлысты æрмæг. Пайда дзы кæнынц хæрзхъæд садзæн æрмæг сырæзын кæныны нырыккон раззагдæр технологитæй.
Паддзахадон бюджетон куыстуат «Беркут» кусы 2010 азæй нырмæ æмæ хъахъхъæны цуангæнæн бынæттæ, йæ хъус дары хъæды цæрæгойтæм, æмæ сæ нымæцмæ, сæ ныхмæ фыдракæндтæ не ‘руадзынмæ, стæй цæугæдæтты биофæрæзтæм. Куыст-
уат хъахъхъæны æмæ архайы регионы Сырх чиныгмæ хаст сырдтæ æмæ цæрæгойты нымæц фылдæр кæныныл, стыр бавæрæн хæссы Цæгат Ирыстоны фыранк æмæ кавказаг зубр фæфылдæр кæныны егъау куыстмæ дæр. «Беркут»-ы иннæ вазыгджын хæс та у, сырдтыл æнæзакъонæй чи цуан кæны, уыдоны ныхмæ тох.
Дзанайты Барис бахæс кодта РЦИ-Аланийы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрадæн «Аланиялес» æмæ «Беркут»-имæ иумæ 100 процентæй сæххæст кæнын паддзахадон прог-раммæтæ æмæ национ проектты мадзæлттæ, уымæй уæлдай, ацы азы нысантæм цæст дарын. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæу-уæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.

Гапбаева Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here