Кæронмæ ахæццæ сты ацы азы Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстытæ. Чи дзы архайдта, æрхъуыдыдзинад æмæ патриотизмы æнкъарæнтæ равдисæг уыцы æвзарджытæн
æппæтæй раздæр стыр бузныг зæгъын. Иумæйагæй нæ цытджын бæстæйы фидæныл схъæлæс кодтам.
Цæгатирыстойнæгтæ бæстæйы политикон царды сæйраг цаумæ бæрнон зæрдæйы уаг дарынц, æмæ афтæмæй не ’мзæххонтæй бирæтæ æвзæрстытæм æрбацыдысты. Уæлдай зæрдиагдæр арфæ кæнын нæ зынаргъ ветерантæн, хистæр фæлтæры минæвæрттæн, фыццаг хатт схъæлæсгæнæг фæсивæдæн, стæй æвзæрстытæм æппæт бинонтæй æрбацæуæг адæймæгтæн.
Æвзæрстытæм цæттæ кæнын æмæ сæ æнæкъуыхцыйæ арвитыны рæстæг егъау куыст
сæххæст кæныны тыххæй республикæйы хайæдты æмæ æвзарæн къамисты æппæт уæнгтæн стыр бузныг зæгъын. Проект
«ИнформУИК» æххæст кæнгæйæ, дзыллæтæн хабæрттæ комкоммæ уагæй кæй хъусын кодтам, уый фæрцы æвзæрстытæм тынг бирæ адæм æрбацыд. Алцыдæр арæзт æрцыд æмбæлгæ уагыл. Æвзæрстытæ хæрзхъæдæй ацæудзысты æви нæ, уый аразгæ уыд æвзарæн къамисы алы уæнджы дæсныдзинадæй дæр. Ацы хъуыддаг сымах иттæг арæхстджынæй сæххæст кодтат.
Æвзæрстытимæ баст алыхуызон хъуыддæгты бирæ адæм кæй архайдтой, уый æвзæрстыты æнæхиндзинадæн ахъаз кодта.
Æвзарæн хайæдты барадон фæткæн фадæттæ чи сарæзта, республикæйы муниципалон иугæндты уыцы сæргълæуджытæн, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæн, энергетиктæн, бастдзинад аразджытæ æмæ алыхуызон ведомствæты кусджытæн бузныг зæгъын. Куысты хæстæ биноныг сæххæстгæнæг бархионтæй райгонд дæн.
Æвзарæн кампани цæмæй æнæкъуылымпыйæ ацæуа, уымæн фадæттæ саразæг Цæгат Ирыстоны Хицауад æмæ Парламентæн, стæй комкоммæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Иваны фырт Меняйлойæн стыр бузныг зæгъын.
Хъæлæс кæныны æппæт æртæ боны дæргъы æвзæрстыты цыдмæ чи каст, хицæнæй мæ бафиппайын фæнды не ’ппæт уыцы цæстдарджыты куыст.
Иумæйагæй иттæг ахсджиаг æмæ хъæугæ хъуыддаг сарæзтам!
Арфæ уын кæнын!
Моргуаты Жаннæ,
Цæгат Ирыстоны
Æвзарæн къамисы
сæрдар














