Цæгат Ирыстоны пъæлицæйы кусджытæ фæсарæйнаг граждантæ, фæллойадон мигранттæ кæм цæрынц, уыцы фысымуæтты, æмдзæрæнты, арæзтадон объектты, базарты, фермерон хæдзарæдты бæлвырд кæнынц, миграцион закъон æххæстгонд цæуы æви нæ, уый. Ныридæгæн уал бабæрæг кодтой, мигранттæ арендæйы бындурыл кæм цæрынц æмæ рæстæгмæ регистрацигонд кæм сты, ахæм 200 адрисæй фылдæр.
Пъæлицæйы районты хайæдтæм сæмбæлын кодтой 30 фæсарæйнаг граждæнæй фылдæр, уым сын, Уæрæсейы фæзуаты закъоны бындурыл сты æви нæ, уый сбæлвырд кодтой, стæй сын дактилоскопийæйы æнæмæнг процедурæ сарæзтой.
Бæлвырдгæнæн мадзæлттæ арæзт цæуынц республикæйы фæндæгтыл дæр. Фæндагон-патрулон службæйы инспектортæ баурæдтой æмæ сбæлвырд кодтой 400 фæсарæйнаг транспортон фæрæзы æмæ 300 фæсарæйнаг гражданины. Авд административон барсæттæн хъуыддаджы рабæрæг кодтой («Уæрæсейы Федерацимæ æрбацæуыны æмæ дзы рæстæгмæ фæуыны фæтк фехалын»), – хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.
Рейдтæ аразынц, Мæскуыйы фалдзусы концертон зал «Крокус Сити Холл»-ы Таджикистанæй мигранттæ цы террористон акт сарæзтой, уый фæстиуæгæн.
Гапбаты Алетæ














