Культурæйы кусæджы боны кадæн нæ кадджын хистæр æмæ æмкусæг, «Рæстдзинад»-ы уацхæссæг БАСКАТЫ Уырызмæг хорзæхджын æрцыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Кады грамотæйæ. Кадджын уавæры йын æй радта Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.
– Ацы диссаджы адæймагæн йæ курдиат афтæ бирæвæрсыг у, æмæ, æрмæстдæр иу дæсныйадæн йæ цард куы снывонд кодтаид, уæд уый раст нæ уыдаид, мæнмæ гæсгæ. Уырызмæг кæмдæриддæр куыста – алы ран дæр ын бантыст стыр хъуыддæгтæ саразын, – йæ арфæйы ныхасы загъта Тускъаты Таймураз.
Актер, режиссер, спортивон журналист Баскаты Биболайы фырт Уырызмæгæн йе сфæлдыстадон архайд суадонау у арф æмæ æнæкæрон. Фæллад цы у, уый абон дæр нæ зоны. Йæ цæрдæгдзинад дисы æфтауы, Уырызмæджы чи зоны, уыдоны се ‘ппæты дæр. Куырыхон хистæр, кæстæртæн – дæсны зондамонæг, æрвылбоны царды Уырызмæг у рæдаукъух, хуымæтæг, уæздан æмæ сыгъдæгзæрдæ адæймаг, йæ удыхъæды миниуджытæм гæсгæ алкæмæн дæр – цæвиттойнаг. Йæ бирæ зонындзинæдтæй æмæ фæлтæрддзинадæй æнæвгъау хай кæны æрыгон журналисттæн.
Бирæ азты дæргъы æнæзæрдæхудтæй, кадджын æмæ æнтыстджынæй кæй фæкуыста, уый тыххæй
Баскаты Уырызмæг хорзæхджын æрцыд бирæ хæрзиуджытæй, у бирæ кадджын нæмттæ хæссæг. Ныр уыцы бирæ хæрзиуджыты ‘хсæн фæзындзæн ноджыдæр ма иу – Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Кады грамотæ.
Арфæ дын кæнæм, Уырызмæг! Нæ коллективæн уарзон адæймаг дæ, стыр аргъ дын кæнæм, æмæ ма бирæ азты куыд бакусай æмæ дын бирæ куыд бантыса, ахæм хорздзинад иунæг кадджын Хуыцау ракæнæд.
«Рæстдзинад»-ы кусджыты номæй
Дедегкаты Зæлинæ