Æфсадмæ, лæппутæ, æфсадмæ!

0
117

Ралæууыд Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхтæм 2024 азы уалдзыгон æрсидт. Дзæуджыхъæуы сидтон къамис йæ куыст райдыдта. Нысангонд куыд у, афтæмæй ацы мæйты æфсадмæ хъуамæ арвитой 260 лæппуйы.

Дреты Хетæгæн йæ фидæны дæсныйад ирвæзынгæнæг у. Ахуыр кæны техникумы, уыцы иу рæс-тæг ДОСААФ-ы скъолайы та сахуыр кодта шофырыл. – Мæ хъуыдымæ гæсгæ, алы æрыгон нæлгоймаг дæр хъуамæ йæхи, йæ хъарутæ бавзар æфсады. Æз уый нымайын ме ’хæсыл, цæттæ дæн æфсады рæнхъыты æрлæууынмæ æмæ æнхъæлмæ кæсдзынæн хуынды гæххæтмæ, – зæгъы 20-аздзыд лæппу.
Сæрмагонд къамисы уæнгтæ, сæ сæргъы – Дзæуджыхъæуы горæты администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав, уыимæ – Мидхъуыддæгты министрады, ахуырады управленийы, Терчы хъазахъхъæгты, адæмæн куысты бынæттæ дæттыны центры минæвæрттæ алы сидтонмæ дæр, хицæнæй хъуыстой, фарстытæ сæм лæвæрдтой.
Зæгъæм, Худзиаты Эмануиль ахуыр кæны медицинон колледжы фæстаг курсы. Цы диныл хæст у йæхæдæг, стæй йæ бинонтæ, уымæ гæсгæ йын къамисы уæнгтæ бар радтой альтернативон службæ ацæуынæн.
Дзæуджыхъæуы æфсæддон комиссар, дæлбулкъон Беджызты Роберт куыд загъта, афтæмæй 2024 азы сидтонтæй сæрмагонд æфсæддон операцимæ кæнæ, Уæрæсемæ цы ног регионтæ бафтыд, уырдæм æрвыст не ’рцæу-дзысты.
– Ирыстойнаг лæппутæ службæ кæндзысты нæ бæстæйы алы рæтты, æнхъæлмæ сæм кæсынц Дард Хурæскæсæны, Цæгат Кавказы, астæуккаг Уæрæсе æмæ æндæр рæтты. Сæ зонындзинæдтæ æмæ лæгдзинад равдисдзысты Хъахъхъæнынады минист-рады, Национ гвардийы, Æнæнхъæлæджы цауты министрады æфсæдты рæнхъыты.
Цы ивддзинæдтæ æрцыд, уымæ гæсгæ сидтонты хыгъды граждантæ уыдзыс-ты 30 азы онг, уымæ гæсгæ сæ хондзысты æфсадмæ, – загъта æфсæддон комиссар æмæ ма бафтыдта, техникумты æмæ колледжты фæстæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæм чи бацыд, уыцы фæсивæдæн æфсадмæ цæуыны æм-гъуыд аргъæвæн кæй нал уыдзæн, уый.
Комиссарадæн бастдзинад вæййы æфсæддон хæйттимæ, æмæ Ирыстоны минæвæрттæ фылдæр хатт фæзминаг вæййынц иннæтæн. Уалдзыгон æрсидт ахæццæ уыдзæн 15 июлмæ.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here