Социалон-экономикон рæзты нысантæ

0
20

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис министрты кабинетимæ сæмбæлд Рахизфарсы районы. Рæгъмæ рахастой районы социалон-экономикон рæзты нысантæ, цы сæ къуылымпы кæны, уыдæттæ. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд бафæдзæхста, афтæмæй муниципалон скондты рæзтæн хорз фæахъаз уыдзысты национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ, æндæр ахадгæ хъуыддæгтæ.

Дзанайы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Рахизфарсы район дзæбæх рæзы, 2027-2028 азтæм дзы царды рауадздзысты 5 проекты,  уыдонæн дихгонд æрцæудзæн 150 милуан сомæй фылдæр. «Фæлæ ис, рæзты цыд цы къуылымпы кæны, ахæм цæлхдуртæ æмæ сæ хъуамæ ам, иумæ, равзарæм. Уæ дзуаппытæ хъуамæ уой бæстон æмæ æргом», – загъта Хицауады Сæрдар.

Ацы аз районы æппæт нысантæн лæвæрд æрцыд 770 милуан сомæй фылдæр, уыдоны фæрцы 43 объекты арæзт, цалцæггонд цæуынц. Уымæй уæлдай, террористон акты бахауæг адæмæн хъæуы æххуыс, сидзæртæн – цæрæнуæттæ, æрыгон бинонтæн фатертæ райсынæн –субсидитæ æмæ æндæр ахæм фæзилæнтæ. Рахизфарсы районы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Айларты Зæринæ социалон-экономикон рæзты тыххæй бæстон радзырдта.

Æппæт нысантыл дзургæйæ, уæлдай æргом аздæхтой Беслæны æмæ хъæуты санитарон уавæрмæ, æнæзакъон бырондæттæм. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры хæдивæг Игорь Портнов куыд радзырдта, афтæмæй ацы хъуыддаджы районы тыхтæ фаг не сты, хъæутæ къуылымпытæ æййафынц инфраструктурæйы рæзты, афтæмæй дзы æнæзакъон бырондæттæ фæзынынц. Хицауады Сæрдар æмбырды Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы ведомствæйæн бахæс кодта фарста районимæ иумæ алыг кæнын.

Районы цæрджытæй хъæстытæ цæуынц, Окружнаяйы уынджы цы парк ис, уый цъæхвæлыст хъуаг кæй у, уый тыххæй. Æрдзон фæрæзты министрад ацы фарста алыг кæнынæн хъуамæ фæрæзтæ ссара. Фæлхасгонд фæрæзтæн, зæххæн фидын æнæмæнг хъуыддаг у, уыцы æхца схардзгæнæн ис ахсджиаг нысантыл. Æмбырды ма ныхас рауад культурæйы артдзæстыты, спорты объекттыл, инвестицион проекттæ царды уадзыныл.

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар куыд радзырдта, афтæмæй рæгъмæ цы ахсджиаг фарстатæ рахастой, уыдон домынц архайд. «Фиддонтæ æмбырд кæныны куыст фæтыхджындæр кæнут. Цæрæнуатон-коммуналон ведомствæ хъуамæ къæвдадæтты фарста уайтагъд алыг кæна, ома, канализацимæ хъуамæ кæлой. Ис дзы æндæр ахадгæ фарстатæ дæр. Инвестицион проекттæн сæ фæндаг хъуамæ уа æнæкъуылымпытæй, район йæ рæзт ма урома», – загъта Дзанайты Барис.

Цы фарстатæ фæзынд, уыдоны фæдыл районы разамонджытæ æмæ министртæ райстой комкоммæ хæстæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here