Æппæт Кавказы хъæбул

0
56

Знон Дзæуджыхъæуы, Намысы аллейы кадджын уавæры байгом кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг, Уæрæсейы Хъæбатыр Тыбылаты Мараты («Талибы») номыл цырт. Бирæ дзыллæтæ сæркъулæй лæууыдысты, уыдонимæ – Мараты хионтæ, нæ республикæйы разамынд, æфсæддонтæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ æмæ дины кусджытæ, скъоладзаутæ æмæ студенттæ, хуымæтæг адæм, – нæ бæстæйæн уæззау рæстæг йæ рагфыдæлты фарн чи равдыста, уыцы хæххон цæргæсæн йæ цырты цур рухсаг зæгъынмæ.

Ахæм хъæбатыр, нæ фæсивæдæн фæзминаг фырт кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй ныййарджытæн зæрдæбын арфæ ракодта нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.

– Абон дæр, сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, тохы быдыры Уæрæсейы сæраппонд нæ лæппутæ æвдисынц лæгдзинад. Знаджы ныфс сæттынц, цæмæй сабырдзинад æрфидар уа зæххыл, – загъта йæ раныхасы.

– Мараты ном фыст æрцыд Уæрæсейы историйы, куыд хъайтары ном. Ацы цырт та æвдисæн у,  не ‘ппæт дæр стыр аргъ кæй кæнæм, уæлахизыл тохы йе ‘рыгон цард чи ратта, æрмæст йæ иу фендæй дæр знаг кæмæн лыгъди æмæ йе ‘мцæдисонтæн фæзминаг чи уыди, уыцы Маратæн. Йæ ном цæрдзæн æнусмæ, – загъта  Национ Гвардийы Цæгат Кавказы æфсæддон зылды командæгæнæджы фыццаг хæдивæг, инæлар-майор Козаты Павел.

Кæсæг-Балхъары Республикæйы цæрджыты номæй  саударæн митинджы радзырдта Æдасдзинады Советы нымæрдар Казбек Тадуев.

– Мах хъыг кæнæм ирон адæмимæ. Уыцы-иу рæстæг стæм сæрыстыр, Марат æппæт Кавказы хъæбул кæй уыдис, уымæй, равдыста лæгдзинад, куыд уарзын хъæуы Фыдыбæстæ, – загъта  Казбек Тадуев.

Зæрдæмæхъаргæ ныхас ракодта Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады Æфсæддон институты ветеранты советы сæрдар, отставкæйы булкъон Мухаммед Дымов. Куыд загъта, афтæмæй Тыбылаты Марат уыдис ацы институты  2010 азы  рауагъдон.

Æмбырды ма раныхас кодтой Дзæуджыхъæуы Алайнаг епархийы сауджын Герасим, мыггаджы номæй зæрдæфхæрдæй дзырдта Тыбылаты Батрадз, Мараты æфсымæры лæппу, Саратовы Дзержинскийы номыл æфсæддон институты фыццæгæм курсы курсант Тыбылаты Аслæнбег. Тыбылаты Мараты номыл Ахуырадон центр «Диалог»-ы кадетон къласы ахуырдзаутæ бакастысты æмдзæвгæтæ.

Æфсæддон оркестры цагъдмæ цыртдзæвæн байгом кодтой. Бирæ дидинджытæ йæм фæхастой адæм.

Гугкаты Жаннæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here