Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ сарæзта æнахъомты хъуыддæгтæ æмæ сын сæ бартæ æмæ интерестæ хъахъхъæнæг ведомствæты ‘хсæн къамисы æмбырд. Йæ куысты архайдтой республикæйы æххæстгæнæг оргæнты разамонджытæ, барадхъахъхъæнæг æмæ цæстдарæг структурæтæ æмæ районты къамисты минæвæрттæ.
Ныхас цыди, æнахъомты хъуыддæгтæ æмæ сын сæ бартæ æмæ интерестæ хъахъхъæнæг къамисты хыгъды чи лæууы, уыцы сывæллæттæ æмæ ныййарджытимæ профилактикон куысты тыххæй. Районты къамисты минæвæрттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй æрвылбон
куыст цæуы, фæдзæхст сыл цы æнахъомтæ ис, уыдонимæ, алкæимæ дæр дзы цы профилактикон мадзæлттæ аразынц, уыдонæн фидаргонд ис сæрмагонд пълан.
Платы Альбинæ æмбырды архайджытæн бамбарын кодта, абоны уæззау уавæрты сабидуг бахъахъхъæнын цы оргæнтыл фæдзæхст у, уыдоны ноджы хъæддыхдæрæй архайын кæй хъæуы рæзгæ фæсивæды хъомыладон куысты.
– Æнахъомтимæ профилактикон куыстæй вазыгджындæр ныртæккæ ницы ис. Ныры онг сывæллæттимæ цы хъомыладон фæрæзтæй пайда кодтам, уыдоныл ма бафтауын хъæуы куысты ног формæтæ æмæ хуызтæ. Нæ хæс у æппæт уавæртæ саразын, цæмæй сабийæ æхсæнадæн пайдайаг адæймаг рауайа, феххуыс ын кæнын йæ мидхъуырдухæнты сæрты ахизынмæ, æрдзæй лæвæрд курдиæттæ раргом кæнынмæ æмæ царды раст фæндагыл æрлæууынмæ, – фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдары хæдивæг.
Уымæй уæлдай ма æмбырды ивддзинæдтæ бахастой æнахъомты хъуыддæгтæ æмæ сын сæ бартæ æмæ интерестæ хъахъхъæнæг Дзæуджыхъæуы Терчыфалейы, Промышленнон, Цæгат-Ныгуылæйнаг, Æрæфы, Дыгуры æмæ Алагиры районты къамисты скондтæм.
Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ бафыстой, къамисы дарддæры куысты сæйрагдæр здæхтытæ æвдыст кæм цæуы, ахæм суагъæ. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.
Гапбаты Алетæ