Къостайы æнæмæлгæ стъалы

0
88

118 азы размæ, хуымгæнæны мæйы 1-æм боны аскъуыд Къостайы цард. Фæтых ыл ис уæззау низ.

Национ литературæйы бындурæвæрæг, поэт, фыццаг профессионалон нывгæнæг, Къоста фыста царды æмæ æхсæнады риссаг фарстатыл, тох кодта, йæ адæмы зын æмæ уæззау хъысмæтыл ма ноджы чи æфтыдта, уыдоны ныхмæ. Къостайы уацмыстæ ныр дæр, цыма абоны æцæгдзинад æвдисынц, уыйау сты рæстæгæй домгæ, æхсызгон.
«Иу бон æгъгъæд у мысынæн,
Иу бон кæндзыстут æнкъард,
Уый фæстæ ферох уыдзынæн,
Ничи уал зондзæн мæ цырт!», – фыста йе ‘мдзæвгæ «Зонын»-ы Къоста. Поэт хъуамæ дугты сæрты кæса. Æрмæст Къоста йæ æрдзон уæздандзинад æмæ æфсармдзинады сæрты нæ ахызт, нæ базыдта, куыд уарзон уыдзæн йæ фæдонтæн сæдæ азты фæстæ дæр, йæ кад æмæ намыс та кæй никуы бамынæг уыдзысты, уый.
Поэты кадæн мысæн мадзæлттæ цыдысты Дзæуджыхъæуы, районты, хъæуты, ахуыргæнæндæтты. Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон колледжы студенттæ равдыстой сæ хъæппæрис æмæ сæ ахуыргæнджытимæ бацархайдтой мысæн мадзæлтты. Дидинджытæ сæвæрдтой Ирон аргъуаны кæрты поэты ингæныл, Ирон театры цур Къостайы цыртдзæвæныл, Ирыхъæуы, Къостайы номхæссæг скъолайы поэты бюстыл. Хъомыладон мадзалыл зæрдиагæй колледжы бакуыста разамонæджы хæдивæг Дзуццаты Беллæ.
«Къостайы ном рохгæнгæ нæу, хъуамæ рæзгæ фæлтæр дæр зоной ахæм номдзыд лæгты, зоной йын йæ уацмыстæ, кад ын кæной, ирондзинадмæ цы егъау æвæрæн бахаста, уымæн», – загъта Дзуццаты Беллæ.

Мамиаты Лолитæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here