Национ фидыд æмæ адæмты хæлардзинад бахъахъхъæнынæн…

0
149

Республикæйы цæрджыты национ фидыд бахъахъхъæнын æмæ йæ адæмты хæлардзинад фидардæр кæнын. Регионы æхсæнадон-политикон уавæры дарддæры нывыладыл хъомысджынæй архайын. Ацы æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл æрдзырдтой, Хæлардзинады республикон хæдзары цы «цæлхæмбырд» сарæзтой, уый архайджытæ.

Ныхасы архайдтой РЦИ-Аланийы Парламенты, Национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрады, Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады экстремистон фæзындтытæ ма ’руадзыны центры, Дзæуджыхъæуы администраци æмæ горæты Æхсæнадон советы, национ-культурон æхсæнæдтæ æмæ дины организациты минæвæрттæ, ахуыргæндтæ æмæ эксперттæ.
Фембæлд байгом кодта национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министры фыццаг хæдивæг Андрей Бессонов. «Фæстаг цаутæ æмæ бæстæйы алыварс уавæр хынцгæйæ, ахæм уæрæх фембæлдтытæн стыр ахадындзинад ис. Нæ республикæйы цæрæг бирæ адæмты минæвæртты ’хсæн иудзинад, стæй алы динтыл хæст адæмы ’хсæн фидыд фидардæр кæныны хъуыддаг уæлдай ахсджиаг у. Уыимæ баст æппæт фарстатæ иудадзыгдæр домынц бæстон цæстдард хицаудзинады оргæнтæ æмæ граждайнаг æхсæнады ’рдыгæй», – бафиппайдта министры хæдивæг.
Студенттæ æмæ иннæ фæсивæды ’хсæн эктремизмы тæваг парахат кæныны ныхмæ, æрыгон фæлтæрты иудзинад æнгомдæр кæныны сæраппонд ахуырадон кусæндæтты æмвæзадыл цы архайд цæуы, уый тыххæй уыд йæ раныхас ЦИПУ-йы философи æмæ политологийы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Дзæхаты Ларисæйæн.
«Цы фарстатыл дзурæм, уыдоны фæдыл, зæгъæм, нæ университеты æппæтвæрсыг куыст цæуы. Афтæ, ахуырадон дисциплинæты ’хсæн фæзындысты «Уæрæсейы паддзахаддзинады бындуртæ». Ацы предметы фæлгæты æрыгæттæн амынд цæуынц нæ Фыдыбæстæйы рагон æмæ хъæздыг историйы сæйрагдæр фæзилæнтæ, студенттæ æмхицгонд цæуынц патриотизм æмæ удварны хæзнаты идейæтæм. Уыцы фæткы бындурыл фæсивæдимæ арæзт цæуынц æндæр зонадон-рухстауæн мадзæлттæ дæр. Нæ куысты фæлтæрддзинад куыд æвдисы, афтæмæй нæ Райгуырæн бæстæйы фыдæлтыккон хæзнатæ иухуызон зынаргъ æмæ табуйаг сты Уæрæсейы цæрджытæн, кæцы адæмыхаттæй сты, кæнæ цавæр диныл æнувыд сты, уымæ нæ кæсгæйæ», – радзырдта Ларисæ.
Боны фæткы фарстаты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой æмæ фæндæттæ бахастой РЦИ-Аланийы Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Георги, Дзæуджыхъæуы Минæвæртты æмбырды сæрдары хæдивæг Сæлбиты Зитæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы фæсивæдон политикæйы, физикон культурæ æмæ спорты комитеты сæрдар Тимур Кубатаев, национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министры уынаффæгæнæг Хъайтыхъты Тамарæ æмæ иннæтæ. Национ-культурон æхсæнæдты минæвæрттæ та радзырдтой, республикæйы цæрæг адæмты ’хсæн хæлардзинад æмæ кæрæдзиæмбарынады сæраппонд цы архайд кæнынц, уый тыххæй.
Кæронбæттæны «тымбыл стъолы» архайджытæ сфидар кодтой экстремистон æмæ æндæр æппæрццæг фæзындтыты ныхмæ профилактикон
куысты иумæйаг пълантæ.

Калманты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here