Паддзахадон прог-раммæ «Хъæууон территориты комплексон рæзт»-ы бындурыл Рахихфарсы районы, Бруты хъæуы байгом ног скъола 200 бынатимæ.
Объекты арæзтадыл хардзгонд æрцыд 375 мил-уан сомы. Уымæй уæлдай, бæстыхайæн алы хъæугæ ахуырадон дзаума æмæ ифтонггæрзтæ та балхæдтой 115 милуан сомы аргъ.
Скъолайы кусы 22 фæлтæрдджын ахуыргæнæджы. Уыдонæй 6 – УФ-йы ахуырады кадджын кусджытæ, 3 ахуыргæнæджы хорзæхджынгонд сты РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады кады гæххæттытæй, 5 та – уæлдæр категориты ахуыргæнджытæ.
Бруты скъолайы ахуыр кæны 127 сывæллоны. Уыдон архайынц алыхуызон республикон æмæ регионалон ахуырадон æмæ спортивон ерысты. Скъолайы кусы спортивон клуб «Старт», ис дзы алыхуызон зонадон къордтæ дæр. 2020 азы сентябры сывæллæтты уæлæмхасæн ахуырадæн ацы ран федералон программæ «Ахуырад»-ы бындурыл ма байгом кодтой «Рæзты тæлм», зæгъгæ нымæцон æмæ гуманитарон центр. 60 скъоладзауы дзы архайынц ахæм программæты: «Информатикæ», «Промышленнон дизайн» æмæ «Царды æдасдзинады бындуртæ»-йы, уымæй уæлдай ма – театралон аивады къорд «Бонвæрнон»-ы дæр.
Знон брутæгтæн стыр цины бæрæгбон уыд. Ног скъола байгом кæныны мадзалмæ æрцыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, Рахизфарсы районы муниципалон сконды разамонæг Фрайты Сослан æмæ хъæуы цæрджытæ.
Сергей Меняйло фæныхас кодта хъæуы хистæр фæлтæримæ, сывæллæттæн арфæ ракодта, стæй æрзылд скъолайы кълæс-тыл. Йæхи цæстæй федта, Бруты сывæллæттæн ног бæстыхайы цы бирæ нырыккон æмæ хорз фадæттæ фæзынд, уыцы мадзæлттæ. Скъолайы ис спортивон æмæ æмбырдтæ аразæн, залтæ, æрдзæй хъыгдард чи у, ахæм сывæллæттæн дæр – ахуырæн хъæугæ уавæртæ. Бæстыхайы фæзы сарæзтой кæстæр кълæсты ахуырдзаутæн футбол æмæ баскетболæй хъазæн фæзтæ.
Уыцы бон ма нæ республикæйы Сæргълæууæг ацыд Беслæнмæ дæр. Уым байгом Махъоты Ацæмæзы номыл ног музыкалон скъола 24 алыхуызон аивадон кълæс-тимæ. Музыкалон скъолайы ахуыргæнæгæй кусдзæн йæхæдæг Ацæмæз. Музыкалон техникæйæ балхæдтой пианино, роялтæ, аккордеонтæ æмæ æндæр фæндыртæ. Объекты арæзтад фылдæр у æрдзæй хъыгдард адæмæн. Ис дзы лифт æмæ композиторон кълас дæр.
Саутæты Тамилæ