Фыдбылызты нымæц фæкъаддæр кæнынæн

0
41

Алагиры районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг ХАЦЪÆТЫ Алан кæй амыдта, уыцы æмбырды архайджытæ – районы мидхъуыддæгты хайады автоинспекцийы пропагандæйы инспектор, пъæлицæйы хистæр лейтенант Бигъуылаты
Маринæ, районы мидхъуыддæгты хайады æхсæнадон советы уæнг Ханайты Таймураз æмæ æндæртæ – æрныхас кодтой фæндагон-транспортон бæллæхты нымæц фæкъаддæр кæныны фæдыл фарстатыл æмæ, фыдбылызты æрцыдæй тæссагдæр кæм у, районы ахæм фæндæгты уавæрыл.

Æмбырды архайджытæ сæйраг æргом аздæхтой горæты фæндæгтыл транспорты æдас цæуынæн фадæттæ саразыны фарстатæм (адоны æхсæн сты фис-
тæг бæлццæттæн фæндаджы сæрты бацæуæнты арæзтады, фæндагыл цæуыны нысантæ æвæрыны, стæй ахуыргæнæндæттæм æввахс рæтты фæндæгтыл æдасæй цæуынæн фадæттæ аразыны фарстатæ). Бигъуылаты Маринæ æмбырды архайджытæн районы æрцæуæг фæндагон-транспортон бæллæхты тыххæй хабæрттæ фехъусын кодта. Пъæлицæйы афицеры ныхасмæ гæсгæ, амынд фыдбылызты нымæц цæмæй фæкъаддæр уа, уый тыххæй сывæллæттæ æмæ сæ ныййарджытимæ æмбарынгæнæн куыст фæпарахат кæнын æмбæлы.
Фæндагон-транспортон бæллæхты нымæц фæкъаддæр кæнынæн ахъаз чи кæндзæн, æмбырды архайджытæ ахæм уынаффæтæ рахастой.

Гæззаты Зæринæ,
Мидхъуыддæгты
министрады
Алагиры районы
хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here