Ацы азы февралы, фароны уыцы мæйимæ абаргæйæ, компани «Россети Цæгат Кавказ»-ы филиал «Цæгкавказэнерго» хардзгонд элект-
рон тыхы тыххæй фиддонтæ æрæмбырд кодта 27,6 милуан сомы (ома, 5,5 проценты) фылдæр. Ныхас ацы азы дыууæ мæйы дæргъы энергокомпанийы куысты бæрæггæнæнтыл кæм цыд, амынд хабар фехъусын кодтой балансон къамисы ахæм æмбырды архайджытæ.
Республикæйы промышленнон æмæ æнæпромышленнон фæлхасгæнджытæ, хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ, цæрджытæ, стæй цæрæнуатон-коммуналон къабазы кусæндæттæ æхца фидынц фаронæй хуыздæр. Уыимæ, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыстуæттæ фиддонты 61,2 проценты (ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 27,1 проценты фылдæр) бæрц къæпхæнимæ раздæрау нымад сты «Цæгкавказэнерго»-йы фæлхасгæнджыты æппæтæй дзырддагдæр къордтыл. Ацы азы 1 мартъимæ æппæтæй стырдæр хæстæ бамбырд сты «Владикавказские тепловые сети»-мæ (601 милуан сомы), «Республиканское предприятие водоснабжения и водоотведения» (218,2 милуан сомы), «Владсток» (133 милуан сомы) æмæ «Владикавказские водопроводные сети»-мæ (137 милуан сомы).
«Цæгкавказэнерго»-йы районты структурон дæлхайæдты æхсæн æппæтæй хуыздæр куыстадон бæрæггæнæнтæ равдыста Æрæфы районы электрон тыхуæйгæнæг хайад (фиддонты къæпхæн – 107,5 проценты).
– Электрон тых уæйгæнæг куыстуаты специалисттæ æмæ республикæйы хицаудзинады оргæнтæ кæй æххæст кæнынц, уыцы сæрмагонд
куыстадон мадзæлтты æмæ хæрзхъæд æмбарынгæнæн куысты фæрцы фæлхасгæнджыты фиддонты къæпхæн фæуæлдæр кæнын бантыст, – зæгъы филиал «Цæгкавказэнерго»-йы директоры хæдивæг – хайад «Энергосбыт»-ы директор Артур Хурсинов.
«Россети Цæгат Кавказ»-ы пресс-службæ