Дзæуджыхъæуы 26-æм астæуккаг скъолайы ацыд æппæтуæрæсеон акци «Иумæйаг паддзахадон фæлварæн раттыны бон ныййарджытæн». Æцæг фæлварæны куыд вæййы, афтæ ам дæр нæ уыд пайда кæнæн шпаргалкæтæй, ныхас æмæ рацу-бацу кæнæн. Уыцы уагæвæрдтæ чи фехала, уый фæлварæнæй æрвыст æрцæудзæн.
Акцийы нысан уыд ныййарджытæ æмæ рауагъдонтæн баххуыс кæнын, фæлварæнтæ æнæ уæлдай зæрдæрыстæй раттынæн, æхсæнад бæлвырддæр базонгæ кæнын фæлварæнтæ дæттыны уагæвæрдтимæ. Ныййарджытæ сæ бынæттæ баивтой рауагъдонтимæ æмæ радтой фæлварæн историйæ. Æрмæст фæлварæн цыд иу сахат, æртæ нæ, фæлæ. Лæвæрдтой йæ ацы азы рауагъдонты ныййарджытæ. Уый сын хорз фæрæз уыд, сæ сывæллæттæ фæлварæнты рæстæг сæхи куыд фенкъарынц, уый базонынæн.
Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæ кæныны хъуыддаджы ахсджиаг сты канд зонындзинæдтæ нæ, фæлæ, фæлварæнмæ скъоладзаутæ цавæр зæрдæйы ахастимæ æрбацæу-дзысты, уый дæр. Хъуамæ сæхиуыл, сæ хъарутыл æууæндой. Уый психологон æгъдауæй хъæугæ мадзал у. Ацы ран сын бинонтæ æмæ ныййарджыты æххуыс æнæмæнг фæпайда уыдзæн. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы Рухсады министрад æрхъуыды кодта æмæ расидтис ацы акци, цæмæй ныййарджытæ архайой цæттæгæнæн фæлварæнты æмæ сын сæ уагæвæрдтæ сæхæдæг бæстондæр сæ сывæллæттæн бамбарын кæной.
Фæлварæн раттынмæ 26-æм скъоламæ æрбацыдысты 47-æм скъолайы, гимнази «Диалог», физикон-математикон лицей æмæ æндæр кусæндæтты ахуыргæнджытæ, стæй иннæ специалисттæ, Дзæуджыхъæуы администраци æмæ республикæйы Парламенты минæвæрттæ. Йæ зонындзинæдтæ сбæрæг кæнынмæ æрбацыд Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Александр Пациорин дæр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, хæслæвæрдтæ æнцон нæ уыдысты.
Фæлварæны фæстæ РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ ныййарджытимæ сарæзта пресс-конференци. Архайдтой ма дзы Дзæу-джыхъæуы администрацийы ахуырады управленийы сæргълæууæг Батырты Аслан æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.
Министр бæстон дзуаппытæ радта ныййарджыты фарстытæн. Фарстытæ уыдысты алыхуызон. Сæ фылдæр — Иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæм цæттæгæнæн центрты тыххæй æмæ ныййарджыты ахастдзинад фæлварæнты процессмæ, цавæр ногдзинæдтæ дзы фæзындзæн ацы аз æмæ афтæ дарддæр.
Фыццаг паддзахадон фæлварæнтæ ацæудзысты майы. Ацы аз сæ куырдиæттæ балæвæрдтой æртæ мин ахуырдзауæй фылдæр. Уый тыххæй республикæйы бацæттæ кодтой 17 пункты, техникон æгъдауæй дзы алцыдæр ис.
Гæбуаты Галинæ














