Лæгдзинады ордентæ – хъайтарты бинонтæн

0
207

Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Лæгдзинады ордентæ радта, батальон «Алани»-йы бархионтæй сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны бинонтæн.

Сергей Меняйло фæмард-уæвæг хæстонты бинонтæн тæфæрфæс ракодта æмæ загъта, бархионтæ хæстонты хицæн фæлтæр кæй сты, уымæн æмæ тохы быдырмæ ацыдысты барвæндонæй, сæхицæн хæсыл банымадтой дардæй кæсын нæ, фæлæ, сæ бон цæмæй у, уымæй Райгуырæн бæс-тæйæн зын сахат баххуыс кæнын.
– Хъыгзæрдæйæ уын тæфæрфæс кæнын. Сымах æцæг лæгты, хъæбатыр хæстонты схъомыл кодтат, уыдон нæ бæстæйы зын сахат æнцад бадын сæ сæрмæ не ‘рхас-той, фæлæ фæтагъд кодтой Райгуырæн бæстæ-йæн æххуысмæ, бархийæ атындзыдтой тохы быдырмæ. Сæ цард нывондæн æрхастой нæ паддзахады сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадæн. Кадимæ сæххæст кодтой сæ хæстон хæс. Сымах сæ сæрыстыр хъуамæ уат. Мах та æппæт мадзæлттæ дæр араздзыстæм, цæмæй сын сæ нæмттæ сæнусон кæнæм. Уымæн æмæ уыцы æхсарджын лæппутæ æцæг хъайтартæ сты, – загъта Сергей Меняйло.
Республикæйы Сæргъ-лæууæг РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министр Айдарты Алинæйæн бахæс кодта, цæмæй уæлдай цæстдард уа, сæрмагонд æфсæддон операцимæ бархийæ чи ацыд, уыдоны бинонтæм.
Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины Указмæ гæсгæ, сæ лæгдзинад æмæ æхсар равдисгæйæ, сæхиуыл нæ ауæрдгæйæ, знагимæ кæй хæцыдысты, уый фæдыл Лæгдзинады ордентæ сæ мæлæты фæстæ лæвæрд æрцыдысты батальон «Алани»-йы бархионтæ Багаты Æхсарбеджы фырт Ацæмæзæн, Хъарадзауты Хъазбеджы фырт Георгийæн, Цхуырбаты Владимиры фырт Ролландæн.

Бутаты Азæмæт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here