Сабийæ арæх хъуыстон сыхы царды Къостайы кой. Афтæ æнхъæлдтон, мах хъæуккаг уыд. Мæ хистæрты чингуытæй базыдтон, цыхуызæн уыд, уый.
Уыцы худ æмæ зачъетæ-иу хæдзары къултыл æвзалыйæ сныв кодтон. Мæ мад дæр мæм никуы хæцыдис, къултæ ма саф, зæгъгæ. Иу хатт та Урсдоны доныбыл ссардтон Къостайы æнгæс дур. Сарт æмæ дзæбугæй фæархайдтон – Къостайы хуызæн æй скодтон. Уæд скъоламæ нæма цыдтæн. Мæ фыдыфсымæр Дзаххо дис кодта, куыд тынг æнгæс у, зæгъгæ, æмæ йæ йæхимæ айста.
Скъоламæ куы бацыдтæн, уæд та бынтондæр Къостайы кой арæх кодтой. Йæ бæрæгбонты-иу скъолайы къултыл йе ‘мдзæвгæтæ, йæ хуызтæ уыдысты, æмæ æз дæр уым архайдтон.
Педучилищæйы куы ахуыр кодтон, уæд та Къостайы ныв æдзухдæр кодтон. Академийы куы ахуыр кодтон, уæд иу хатт, конкурсы архайгæйæ, скодтон «Я грудью грудь насилия встречал», зæгъгæ, плакат. Преми дæр мын саккаг кодтой. Уый фæстæ мын æй музей балхæдта. Иу рæстæджы нæ хицауад Стъараполмæ цыдысты. Уыцы плакат семæ ахастой æмæ сын æй балæвар кодтой.
1982 азы нæ хъæуы фысджытæн (Цæрукъаты æфсымæртæн) загътон, иу хатт ма Къостайы бæрæгбон нæ хъæуы скæнæм, зæгъгæ. Æз зæгъын, мæхи хардзæй скъолайы кæрты цыртдзæвæн-бюст скæндзынæн, сымах та библиотекæйæн уæ чингуытæ балæвар кæндзыстут. Уыцы хъуыддаг хорз ацыд райком æмæ скъолайы дирекцийы руаджы. Стыр бæрæгбон дзы рауад æнæхъæн районæн. Уыцы цыртдзæвæны мраморыл ис фыст Къостайы ныхæстæ: «Народу из всех его многих услуг возврати хоть одну ты обратно».
Къостайы 120 азы бон гом кодтой Бутырины уынджы мемориалон-хæдзар музей. Къоста академийы куы ахуыр кодта, уæд, цы мольберттæ уыд, ахæм мæнмæ дæр уыд, æмæ йæ музейæн балæвар кодтон. Чысыл фæстæдæр та йын йæ бацæуæны къулыл бафидар кодтон бронзæ-фæйнæг «Дом-музей Коста». Уыцы куыст дæр бакодтон лæвар.
Хуыбецты Райæйы архайдæй «Иры Стыр Ныхас» та иу хатт рахаста уынаффæ, Къостайы мад кæм ныгæд у, уым цыртдзæвæн сæвæрæм,
зæгъгæ.
Мæнæн æй бахæс кодтой. Галазты Æхсарбег æмæ мæ Бирæгъты Юри тынг раппæлыдысты æмæ ма мын ноджыдæр бахæс кодтой, Лабæйы Къостайы фыдæн дæр цырт саразын. Проект скодтон. Райстон æй. Фæлæ уыцы рæстæг Хъæрæсе-Черкесы цыдæр змæстытæ æрцыд, æмæ ницыуал рауад уыцы хъуыддагæй.
Ныр мæ иу куысты тыххæй Тедеты Павел æмæ Алагиры хицауады руаджы Къостайы премийы лауреат куы сдæн, уæд мæхицæй амондджындæр нал уыд.
Къоста хъуамæ уа не ’ппæтæн дæр фæзминаг, хъуамæ уæм йæ фæдонтæ.
Къоста Стъараполы гимназы куы ахуыр кодта, уæд уым ахуыргæнæгæй куыста Смирнов. Уый та уыд Репины æмкурсон. Къостайы куы федта йæ ахуырдзауты ‘хсæн, уæд загъта: «Слава Богу, не зря работаю». Къоста-
йæн радта Бетъырбухы Нывкæнынады академимæ рекомендаци, æмæ Къоста ссис академийы студент.
Дзбойты Михал,
Цæгат Ирыстоны
адæмон нывгæнæг














