Нæ та сын бантыст рамбулын

0
258

Ивгъуыд сабат æмæ хуыцаубоны Уæрæсейы фыццаг къорды футболон чемпионаты командæтæ акодтой 26-æм туры хъæзтытæ.

Дзæуджыхъæуы «Алани» 6 апрелы уазæгуаты фембæлд, ныртæккæ чемпионаты 15-æм бынаты чи цæуы, уыцы командæ «Ленинградец»-имæ.
Хъазты 2-æм минутыл «Алани»-йы æрдæгхъахъхъæнæг Цæллагты Ибрагимы цæфы фæстæ пурти батахт «Ленинградец»-ы дуары, æмæ «Алани» размæ рацыд 1:0-æй. 10-æм минутыл фысымты хъазæг Максим Бачинский хыгъд сæмхуызон кодта 1:1.
Хъазты дыккаг æмбисы, 50-æм минутыл «Алани»-йы хъазæг Гаглойты Тарас хыгъд скодта 2:1 – алайнæгты пайдайæн.
80-æм æмæ 85-æм минуттыл фысымты хъазджытæ Михаил Горелишвили æмæ Эдуард Сухановæн бантыст «Алани»-йы дуары дыууæ голы бакæнын, æмæ «Ленинградец» размæ рацыд 3:2 хыгъдæй.
«Алани»-йæн хыгъд 3:3 скæнын бантыст, тæрхонгæнæг цы уæлæмхасæн рæстæг бафтыдта, уый фæрцы. Николай Гиоргобиани, 11-метрон иварон цæф кæнгæйæ, нæ фæрæдыд, æмæ хъазт ахицæн хæрæгсастæй 3:3 хыгъдæй.
26-æм туры фембæлдтытæ ахицæн сты ахæм хыгъдтимæ: «Тюмень» – «Шинник» – 0:2, «Акрон» – «Торпедо» – 2:1, «Ленинградец» – «Алани» – 3:3, «КамАЗ» – «Волгарь» – 2:2, «СКА-Хабаровск» – «Нефтехимик» – 0:1, «Сокол» – «Родина» – 1:1, «Черноморец» – «ПФК-Кубань» – 3:0, «Динамо» (Махачкала) – «Енисей» – 1:0.

Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here