Рамбылдтой лицензитæ

0
330

Ивгъуыд къуыри арфæйаг рауад Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæсты минæвæрттæн.

Бакуйы Олимпиаг хъæзтытæм лицензитæ райсыныл цы дунеон турнир цыди, уым уæрæсейаг богæлтты ’хсæн уыдысты Найфонты Артур æмæ Кæсæбиты Алинæ.
Турниры фыццаг бæрæггонд цыдысты сылгоймæгты ’хсæн лицензи райсджытæ. Уыцы ерысты сæрæн хæст ракодта тренер Къудухты Оледжы хъомылгæнинаг Кæсæбиты Алинæ. Уый 62 кг онг уæзы фæуæлахиз цыппар ныхмæлæууæгыл æмæ рацыд ерысты кæронбæттæнмæ. Турниры фæткмæ гæсгæ, кæронбæттæнмæ рацæуæг дыууæ богалæн дæр лæвæрд цыди лицензитæ, ома дыууæйæ дæр нымад цыдысты уæлахиздзаутыл. Афтæмæй ныр Кæсæбиты Алинæ уæрæсейаг чызг-богæлтты ’хсæн ссис Олимпиаг хъæзтытæм балцæг рамбулæг.
Нæлгоймæгты ерысты Уæрæсейы командæйы сæйраг нысан уыди 86 кг æмæ 97 кг онг уæзты рамбулын. Уыцы уæзты Уæрæсейы номæй хæцыдысты спорты сгуыхт мастер Найфонты Артур (86 кг) æмæ Алихан Джабраилов (97 кг), кæцы Бакумæ æрвыст æрцыд Олимпиаг хъæзтыты дыууæ хатты уæлахиздзау Абдулрашид Садулаевы бæсты.
Найфонты Артуры архайд рауад раппæлинаг. Уый фæуæлахиз цыппар амæй-ай тыхджындæр ныхмæлæууæгыл æмæ рацыд кæронбæттæнмæ.
Артуры бафæзмыдта Алихан Джабраилов. Уый дæр фæуæлахиз цыппар ныхмæлæууæгыл æмæ Уæрæсейæн 97 кг онг уæзы рамбылдта лицензи.
Ацы уæлахизты фæстæ Уæрæсейы богæлттæм ныр лицензитæ ис, Олимпиаг хъæзтыты ерыстæ цы ‘хсæз уæзы фæцæуынц, уыдонмæ се ’ппæтмæ дæр.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here